[1] Уӕдӕ йӕ уырнындзинад чи равдыста, ахӕм ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уыйас бирӕ кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,
[2] Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.
[3] Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.
[4] Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат,
[5] Ӕмӕ уын, хъӕбултау, уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницӕмӕ йӕ дарыны цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд.
[6] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры; нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фырт кӕй скӕны, уыдонӕй алкӕй дӕр».
[7] Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд быхсут ӕфхӕрдӕн – уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры?
[8] Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не 'ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут.
[9] Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!
[10] Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын.
[11] Алы ӕфхӕрд дӕр нын фыццаг ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг нӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕфхӕрд куы сахуыр кӕны, уӕд нӕ цард свӕййы фӕрнджын ӕмӕ раст.
[12] Уӕдӕ сфидар кӕнут уӕ мӕрдхуыст цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ, уӕ уыцы уӕрджытӕ,
[13] Ӕмӕ цӕут раст фӕндагыл уӕ къӕхтӕй, цӕмӕй къуылых къах тынгдӕр ма фӕкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.
[14] Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хицауы ничи фендзӕн.
[15] Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй уе 'хсӕн маргджын зайӕгойау мачи сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,
[16] Цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг, кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта.
[17] Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд.
[18] Уырзӕй басгарӕн кӕмӕн ис ӕмӕ арт кӕуыл судзы, сымах ахӕм хохмӕ не 'рцыдыстут, не 'рцыдыстут талынгмӕ, саудалынг ӕмӕ уадмӕ,
[19] Сыкъауадындзы уастмӕ ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕсмӕ. Адӕм ӕй куы фехъуыстой, уӕд куырдтой, цӕмӕй сын мацыуал дзура.
[20] Уымӕн ӕмӕ адӕмы бон нӕ уыд, цы сын фӕдзӕхстӕуыди, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр мард ӕрцӕуӕд дуртӕй».
[21] Ӕмӕ цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Ризӕг мыл бахӕцыд фыртӕссӕй».
[22] Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ – уӕларвон Иерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,
[23] Уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст сты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,
[24] Ног фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ – Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
[25] Кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕбайхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не 'ргом куы аздахӕм, уӕд.
[26] Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх, ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».
[27] Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуысдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.
[28] Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
[29] Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у ӕппӕт ныхъуырӕг арт.