[1] Уырнындзинад та у, нӕ зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, ууыл фидарӕй ӕууӕндынгӕнӕг, ӕмӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый ӕргомгӕнӕг.
[2] Незаманты чи царди, уыцы адӕмӕй сӕ уырнындзинады фӕрцы раппӕлыди Хуыцау.
[3] Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ ныхасӕй – цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рацыд, цӕстӕй цы уынӕм, уый.
[4] Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр ма дзуры.
[5] Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыдта Хуыцау ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта: «Зӕххыл нал уыди – Хуыцау ӕй акодта». Уымӕн ӕмӕ йын йӕ акӕныны размӕ Хуыцау загъта, Йӕ зӕрдӕ Йын кӕй балхӕдта, уый тыххӕй.
[6] Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕйӕн балхӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл.
[7] Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл.
[8] Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕмӕ ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕдӕм араст, уый нӕ зонгӕйӕ.
[9] Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам ӕцӕгӕлонау ӕрцард, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл. Царди цатырты; афтӕ цардысты Исаак ӕмӕ Иаков дӕр – уыциу зӕрдӕвӕрд Хуыцау уыдонӕн дӕр радта.
[10] Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ каст, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ.
[11] Саррӕ уыди ӕнӕзӕнӕг, стӕй сывӕллон ныййарыны кары дӕр нал уыди, уӕддӕр ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ бон баци ӕмӕ басывӕрджын. Уымӕн ӕмӕ зыдта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.
[12] Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр кӕй буар ныххӕррӕгъ, ахӕмӕй, рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ ис ӕмӕ денджызы былыл змис куыд ӕнӕнымӕц у, афтӕ бирӕ адӕм.
[13] Ацы адӕймӕгтӕ иууылдӕр амардысты уырнджытӕй, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райсгӕйӕ; ӕрмӕст ӕй федтой дардмӕ, цин кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.
[14] Афтӕ чи зӕгъы, уыдон сӕ уыцы ныхӕстӕй ӕвдисынц, сӕхи фыдыбӕстӕмӕ кӕй тырнынц, уый.
[15] Ӕмӕ цы бӕстӕйӕ рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат.
[16] Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома, уӕларвон бӕстӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр къӕмдзӕстыг нӕу, Йӕхи уыдоны Хуыцау кӕй хоны, уымӕй – сахар уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта.
[17] Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
[18] Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл».
[19] Авраам ӕууӕндыди, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Авраамӕн фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ.
[20] Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Исаак Хуыцауы арфӕ бафтыдта Иаковы ӕмӕ Исавы фидӕныл.
[21] Иаков куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы Хуыцауы арфӕ бафтыдта Иосифы алы фыртыл дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ.
[22] Иосиф куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы загъта, Израилы адӕм Мысырӕй кӕй рацӕудзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста уырдыгӕй йе стджытӕ рахӕссын.
[23] Моисей куы райгуырди, уӕд йӕ ныййарджытӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ ӕртӕ мӕйы ӕмбӕхстой. Уымӕн ӕмӕ сывӕллон тынг рӕсугъд кӕй у, уый федтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.
[24] Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы фараоны чызджы фырты ном хӕссыныл,
[25] Ӕмӕ, тӕригъӕдӕй рӕстӕгмӕ йӕ мондӕгтӕ уадзыны бӕсты, хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.
[26] Мысыраг хӕзнаты бӕсты йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕгад ӕййафын, уымӕн ӕмӕ хӕрзиуӕг райсынмӕ ӕнхъӕлмӕ каст.
[27] Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.
[28] Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм.
[29] Сурзӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.
[30] Авд боны дӕргъы Иерихоны алыварс израилӕгтӕ цалдӕр хатты куы ӕрзылдысты, уӕд сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕркалдысты йӕ къултӕ.
[31] Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтагсыл Раав суазӕг кодта сгарджыты, ӕмӕ нӕ бабын ӕнӕсӕттонтимӕ.
[32] Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Варакы, Самсоны, Иеффайы, Давиды, Самуилы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
[33] Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, домбӕйтты-иу ӕрсабыр кодтой,
[34] Арт сыл нӕ тых кодта, аирвӕзтысты-иу карды комӕй, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ стыхджын сты, хӕсты уыдысты хъаруджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕцӕгӕлӕтты ӕфсад.
[35] Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй – уыдон-иу сӕрибар райсын нӕ бакуымдтой, цӕмӕй райгас уой хуыздӕр цардӕн.
[36] Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ӕппӕрстой ахӕстӕтты.
[37] Мардтой сӕ дуртӕй, лыгтӕ сӕ кодтой хырхӕй, [ракъахыны сӕраппонд сын ластой сӕ уд,] мардтой сӕ кардӕй, рахау-бахау кодтой фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты, уыдысты мӕгуыр, цардӕй ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.
[38] Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг рӕтты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
[39] Сӕ уырнындзинады тыххӕй сын сеппӕтӕй дӕр раппӕлыд Хуыцау, фӕлӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой.
[40] Уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ мах тыххӕй ноджы хуыздӕр фӕнд уыди, цӕмӕй уыдон ӕрмӕстдӕр махимӕ суой алцӕмӕй дӕр ӕнаипп.