[1] Уӕдӕ Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ тӕрсӕм, цӕмӕй сымахӕй уыцы фӕлладуадзӕнӕй ӕнӕхай мачи фӕуа.
[2] Уымӕн ӕмӕ фарны уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ цы ныхас фехъуыстой, уый сын пайда не 'рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.
[3] Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ цӕуӕм Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ, Уый куыд загъта, афтӕ: «Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау та Йӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт фӕци, дуне куы сфӕлдыста, уӕд.
[4] Уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй кӕмдӕр афтӕ загъд у: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау ӕрӕнцад Йеппӕт хъуыддӕгтӕй».
[5] Уыимӕ ма ноджыдӕр загъд у: «Уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты».
[6] Уӕдӕ ма йӕм чидӕртӕ хъуамӕ бацӕуой. Раздӕр фарны уац чи фехъуыста, уыдон сӕ хивӕнды аххосӕй кӕй нӕ бацыдысты,
[7] Уымӕ гӕсгӕ ма Хуыцау ноджыдӕр дӕтты бӕлвырд афон – «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды дзыхӕй, уӕлдӕр куыд загъд у, афтӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».
[8] Нуны фырт Йесо сын ӕнцой куы ӕрхастаид, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны тыххӕй нал загътаид.
[9] Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн нырма ӕрцӕудзӕни фӕлладуадзӕн сабат.
[10] Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ.
[11] Уӕдӕ бацархайӕм уыцы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ хал ма ахӕра.
[12] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.
[13] Ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй Дзы сусӕг ничи у. Ӕппӕт дӕр Ын ӕргом у – дзуапп Уымӕн ратдзыстӕм.
[14] Уӕдӕ махӕн ис, уӕлӕрвтыл Чи ахызти, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл.
[15] Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уый дӕр, махау, бавзӕрста ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, фӕлӕ тӕригъӕд нӕ ракодта.
[16] Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх.