[1] Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Дунедарӕг Хуыцауы алчер. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта.
[2] Авраам уымӕн алцӕмӕй дӕр рахицӕн кодта дӕсӕймаг хай. Йӕ ном «Мелхиседек» амоны «Рӕстады паддзах»; уый у Салимы паддзах, ома, «Фарны паддзах».
[3] Мелхиседекӕн нӕй фыд, мад, фыдӕлтӕ, йӕ цардӕн нӕй райдайӕн ӕмӕ кӕрон. Хуыцауы Фырты хуызӕн уӕвгӕйӕ, уый у алчер мыггагмӕ.
[4] Уынут, нӕ рагфыдӕл Авраам паддзӕхтӕй цы байста, уыдонӕн сӕ хуыздӕр дӕсӕймаг хай кӕмӕн радта, уый куыд цытджын у!
[5] Сауджынтӕ чи свӕййы, Левийы уыцы байзӕддагӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ис адӕмӕй, ома, се 'фсымӕртӕй, дӕсӕймаг хай ӕмбырд кӕныны бар, кӕд се 'фсымӕртӕ дӕр Авраамы байзӕддаг сты, уӕддӕр.
[6] Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй – Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй – ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.
[7] Хуыцауы арфӕ кӕуыл бафтыдӕуы, уымӕй арфӕгӕнӕг уӕлдӕр кӕй у, уый та гуырысхойаг никӕмӕн у.
[8] Уыимӕ дӕсӕймаг хай чи исы, Левийы уыцы байзӕддӕгтӕ ӕнӕ мӕлгӕ не сты, Мелхиседекы тыххӕй та Сыгъдӕг Фыст зӕгъы, удӕгас у, зӕгъгӕ.
[9] Ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: Авраам дӕсӕймаг хай Мелхиседекӕн куы радта, уӕд ма йын ӕй радта, дӕсӕймаг хай Израилы кӕй байзӕддӕгтӕ исынц, уыцы Левий дӕр.
[10] Уымӕн ӕмӕ Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд Левий кӕд гуырд нӕма уыд, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ фыдӕлы туджы уыд.
[11] Сауджынты – Левийы байзӕддӕгты лӕггад уыд адӕмӕн лӕвӕрд Ӕгъдауы бындур. Алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма цӕмӕн хъуыди, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм ӕндӕр Алчер?
[12] Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.
[13] Ӕппӕт уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй загъд сты, Уый, нӕ Хицау, ӕндӕр хӕдзарвӕндагӕй у – уыцы хӕдзарвӕндагӕй нывондхӕссӕны цур ничи лӕггад кодта.
[14] Нӕ Хицау хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, Моисей уый тыххӕй ницы загъта.
[15] Фӕлӕ ивддзинад ноджы фӕбӕлвырддӕр, Мелхиседекы хуызӕн ӕндӕр Алчер куы ӕрцыд, уӕд.
[16] Ӕмӕ Уый Алчер сси, бӕлвырд хӕдзарвӕндагӕй рацӕуын чи домдта, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕфӕугӕ царды хъомысӕй.
[17] Уый тыххӕй зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».
[18] Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ.
[19] Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.
[20] Уыцы фидыд сомыйӕ фидаргонд ӕрцыд.
[21] Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та – Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды [Мелхиседекы хуызӕн] Алчер дӕ мыггагмӕ».
[22] Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр фидыдӕн йӕ цӕджындз.
[23] Стӕй иннӕ алчертӕ бирӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт никӕмӕн лӕвӕрдта мыггагмӕ алчерӕй баззайыны фадат.
[24] Йесо та мыггагмӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ мыггагмӕ у Алчер.
[25] Ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.
[26] Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
[27] Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу; ӕрвылбон Ӕй фыццаг Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.
[28] Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры лӕмӕгъ адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр Чи сӕххӕст, уыцы Фырты.