Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:05

[1] Уӕдӕ цы зӕгъӕм нӕ дзуттаг адӕмы фыдӕл Авраамы тыххӕй? Цы йын бантыст?

[2] Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст, уӕд йӕ бон уыд йӕхицӕй раппӕлын, ӕрмӕст Хуыцауы раз нӕ.

[3] Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл».

[4] Фӕллойгӕнӕгӕн йӕ мызд лӕварыл нымад нӕу, фӕлӕ йӕ райсы, кӕй йын ӕмбӕлы, уый тыххӕй.

[5] Чи ницы сарӕзта, уый та, тӕригъӕдджынты Чи раст кӕны, Ууыл куы ӕууӕнда, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцау нымайы рӕстгӕнӕгыл.

[6] Йӕ хъуыддӕгтӕм ын нӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцау рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, уыцы адӕймаджы Давид дӕр тӕхудиаг хоны:

[7] «Тӕхудиаг сты, сӕ ӕнӕуаг митӕ кӕмӕн ныббарстӕуыд ӕмӕ Хуыцау кӕй тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзӕн, уыдон.

[8] Тӕхудиаг у, Хицау аххосджыныл кӕй нӕ банымайа, уыцы тӕригъӕдджын адӕймаг».

[9] Тӕхудиаг кӕй хоны: сунӕтгонды ӕви ӕнӕсунӕтгонды? Мах дзурӕм: Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл.

[10] Кӕд ӕй банымадта? Сунӕты фӕстӕ ӕви сунӕты размӕ? Сунӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ сунӕты размӕ.

[11] Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.

[12] Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, Авраамы фӕндагыл чи цӕуы ӕмӕ нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ Хуыцауыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ Йыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕст уыдонӕн.

[13] Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй.

[14] Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дӕр ницы у.

[15] Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куы нӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны.

[16] Уӕдӕ уыцы зӕрдӕвӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл – Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у неппӕты фыдӕл,

[17] Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз – Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны, ӕмӕ цы нӕй, уый цардмӕ Чи ракӕны, уыцы Хуыцауы раз.

[18] Кӕд ӕй ныфс нал уыди, уӕддӕр Авраам, зӕрдӕ даргӕйӕ, баууӕндыд ӕмӕ уый тыххӕй сси бирӕ адӕмты фыдӕл, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ: «Тынг бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».

[19] Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.

[20] Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ Авраам скад кодта Хуыцауӕн,

[21] Уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнын Йӕ бон кӕй у, ууыл.

[22] Уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау «банымадта рӕстгӕнӕгыл».

[23] Ӕниу, канд Авраамы тыххӕй нӕу фыст, Хуыцау ӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл, зӕгъгӕ,

[24] Фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Хицау Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл.

[25] Йесойы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рардӕуыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас Хуыцауы раз мах срасты охыл.

Ромӕгтӕм — Chapters