[1] Алы адӕймаг дӕр уӕд уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй. Цы хицауӕдтӕ ис, уыдон Хуыцауы ӕвӕрд сты.
[2] Уымӕ гӕсгӕ хицауады ныхмӕлӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи фӕкӕндзысты тӕрхоны амӕддаг.
[3] Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ хицауадӕй нӕ тӕрсын? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ раппӕлдзӕн.
[4] Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс – цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.
[5] Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ де 'фсарммӕ гӕсгӕ дӕр.
[6] Уымӕ гӕсгӕ сымах фидут хъалон дӕр, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сӕ хӕстӕ ӕнувыдӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй Хуыцауӕн кусынц.
[7] Уӕдӕ кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.
[8] Кӕрӕдзи уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.
[9] «Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»,] «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл» – уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».
[10] Уарзондзинад хионы хъыджы нӕ цӕуы. Уӕдӕ чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.
[11] Уыимӕ зонут, махӕн ныридӕгӕн кӕй ралӕууыд нӕ фынӕйӕ райхъалы афон. Уымӕн ӕмӕ куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй нӕм ныр ӕввахсдӕр у ирвӕзындзинад.
[12] Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.
[13] Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозтыл ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтыныл ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутыл ӕмӕ хӕлӕгыл.
[14] Хицау Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ма рӕвдаут, цӕмӕй йын йӕ мондӕгтӕ ма ӕфсадат.