[1] Мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ ӕнӕбонтимӕ хӕссӕм уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ, ӕмӕ нӕхи зӕрдӕ ма ӕлхӕнӕм.
[2] Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕлхӕна хионы зӕрдӕ, хорзӕх ын цы хӕссы ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, уымӕй.
[3] Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи зӕрдӕ не 'лхӕдта; уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ ӕрцыдысты Мӕныл».
[4] Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн.
[5] Фӕразондзинад ӕмӕ ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын раттӕд, цӕмӕй сымах, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, уат ӕмзонд,
[6] Ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмдзыхӕй стауат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцауы ӕмӕ Фыды.
[7] Чырысти сымахыл куыд зӕрдиаг у, афтӕ зӕрдиаг ут кӕрӕдзийыл Хуыцауы кадӕн.
[8] Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси кусӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау уыдоны рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый,
[9] Ӕмӕ муртаттӕ стауой Хуыцауы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Уый тыххӕй стаудзынӕн Дӕу муртатты ӕхсӕн, Дӕуыл уыдзысты мӕ зарджытӕ».
[10] Ӕмӕ ма ноджы загъд у: «Цин кӕнут Хуыцауы адӕмимӕ, муртаттӕ».
[11] Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Стаут Хицауы, ӕппӕт муртаттӕ, кад Ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ».
[12] Исай дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Иессейы Ӕвзар ӕмӕ муртаттыл кӕндзӕн ӕлдариуӕг; муртаттӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ».
[13] Зӕрдӕдарӕн Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ зӕрдӕдарӕн кӕна фидарӕй-фидардӕр.
[14] Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме 'фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг уӕм кӕй ис, алцыдӕр кӕй зонут ӕмӕ уӕ бон кӕрӕдзийӕн зонд амонын кӕй у, ууыл.
[15] Фӕлӕ уӕм мӕ ныфс бахастон цыдӕртӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныны тыххӕй ныффыссынмӕ. Ӕз уый бакодтон, Хуыцауӕй мын цы хорзӕх лӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ –
[16] Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕн уон Йесо Чырыстийы кусӕг ӕмӕ хӕлиу кӕнон Хуыцауы фарны уац, цӕмӕй муртаттӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг нывонд.
[17] Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ кӕй дӕн, уый фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы сӕраппонд цы куыст хӕссын, уымӕй.
[18] Цӕмӕй муртаттӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс суой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын мӕ ныфс. Чырысти уыдӕттӕ бакодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,
[19] Ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй, Хуыцауы Уды хъаруйӕ. Афтӕмӕй Чырыстийы фарны уац ӕз ахӕлиу кодтон Иерусалимӕй суанг Иллирикмӕ.
[20] Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, фарны уац уым хъусын кӕныныл, кӕйдӕр конд бындурыл куыд нӕ амайон,
[21] Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй, уыдон фендзысты, ӕмӕ чи нӕ фехъуыста, уыдон бамбардзысты».
[22] Афтӕмӕй мын мӕ фадӕттӕм гӕсгӕ бирӕ хӕттыты нӕ бантыст сымахмӕ ӕрцӕуын.
[23] Уыцы рӕтты ныр ӕз мӕ куыст ахицӕн кодтон. Бирӕ азты дӕргъы та бӕллыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ.
[24] Ӕмӕ Испанимӕ куы цӕуон, уӕд мӕ ныфс ис мӕ фӕндагыл сымах фенынӕй, иуцасдӕр уӕ фендӕй бафсӕдынӕй, стӕй мӕ фӕндагмӕ кӕй срӕвдз кӕндзыстут, уымӕй.
[25] Ныр та цӕуын Иерусалиммӕ сыгъдӕджытӕн баххуыс кӕнынмӕ.
[26] Уымӕн ӕмӕ Македонийы ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Иерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
[27] Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ кӕд иугӕр муртаттӕ иудейтӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд хорзӕхӕй схайджын сты, уӕд сын хъуамӕ баххуыс кӕной сӕ зӕххон хъуӕгты.
[28] Ӕз уый куы саразон ӕмӕ цы ӕрӕмбырд, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг акӕндзынӕн сымахыл.
[29] Ӕз зонын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уӕм кӕй ӕрхӕсдзынӕн Чырыстийы рӕдау арфӕтӕ.
[30] Ӕфсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы сӕраппонд ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты сӕраппонд курын сымахӕй: мӕн тыххӕй мемӕ зӕрдиагӕй кувут Хуыцаумӕ,
[31] Цӕмӕй Иудейӕйы фервӕзон ӕнӕуырнджытӕй, ӕмӕ Иерусалимы сыгъдӕджытӕн ме 'ххуыс уа ӕхсызгон,
[32] Ӕмӕ Хуыцауы куы бафӕнда, уӕд уӕм ӕрцӕуон цингӕнгӕ, ӕмӕ уӕм мӕ уд ӕрцӕра.
[33] Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уеппӕтимӕ дӕр. Амен.