Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:14

[1] Ӕфсымӕртӕ, – Ӕгъдау чи зоны, ӕз уыдонмӕ дзурын, – адӕймаг удӕгас куы уа, Ӕгъдауы бар ыл ӕрмӕст уӕд кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви?

[2] Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй.

[3] Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у, ӕмӕ ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу.

[4] Сымах дӕр афтӕ, ме 'фсымӕртӕ, Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры – мӕрдтӕй Сыстӕджы адӕм, ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.

[5] Мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс куы уыдыстӕм, уӕд Ӕгъдау цы чъизи мондӕгтӕ райхъал кодта, уыдон цардысты нӕ мидӕг ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн.

[6] Ныр мах амардыстӕм, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кусӕм рагон фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы ног цардӕй.

[7] Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куы нӕ уаид, уӕд тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау куы нӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы у, уый.

[8] Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фӕци фадат, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у.

[9] Ӕз кӕддӕр цардтӕн, ӕмӕ мын ӕгъдау нӕ уыди; фӕлӕ фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд ӕрӕгас,

[10] Ӕз та амардтӕн. Афтӕмӕй цард чи хъуамӕ раттаид, уыцы фӕдзӕхст мын фӕци мӕлӕты хос.

[11] Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фадат фӕци фӕдзӕхсты фӕрцы, асайдта ӕмӕ амардта мӕн уыцы фӕдзӕхстӕй.

[12] Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауӕй у, фӕдзӕхст дӕр Хуыцауӕй у – раст ӕмӕ фӕрнджын фӕдзӕхст.

[13] Уӕдӕ мын уыцы фарн мӕлӕт ӕрхаста? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта – фарны фӕрцы мын ӕрхаста мӕлӕт, ӕмӕ уымӕй равдыста йӕхи. Афтӕмӕй фӕдзӕхсты руаджы сбӕлвырд, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.

[14] Мах зонӕм, Ӕгъдау уӕларвон кӕй у, уый; ӕз та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар дӕн, тӕригъӕдӕн уӕйгонд.

[15] Цы кӕнын, уый не 'мбарын. Цы мӕ фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ кӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уыдӕттӕ.

[16] Кӕд цы кӕнын, уый кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уӕд бӕлвырд у: ӕз разы дӕн, Ӕгъдау фӕрнджын кӕй у, ууыл.

[17] Ӕмӕ уыдӕттӕ ныр ӕз нал кӕнын, фӕлӕ сӕ кӕны, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый.

[18] Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы цӕры. Уымӕн ӕмӕ мӕн фӕнды хорз кӕнын, фӕлӕ мӕ бон нӕу.

[19] Цы хорз кӕнын мӕ фӕнды, уый бӕсты кӕнын, цы ӕвзӕр кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уый.

[20] Цы мӕ нӕ фӕнды, кӕд уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ кӕны, мӕ мидӕг чи цӕры, уыцы тӕригъӕд.

[21] Уӕдӕ мын ахӕм ӕгъдау раргом: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр кӕнын.

[22] Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы Ӕгъдауыл,

[23] Фӕлӕ ӕз уынын: мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ; ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг.

[24] Ӕвӕдза, цы мӕгуыр адӕймаг дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕт мын цы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд хӕссы, уымӕй?

[25] Хуыцауы йеддӕмӕ ничи – бузныг Дзы дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы. Уӕдӕ ӕз уыциу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та – тӕригъӕды ӕгъдауӕн.

Ромӕгтӕм — Chapters