[1] Чырыстийы раз раст зӕгъын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм –
[2] Мӕнӕн тынг хъыг у ӕмӕ ӕдзух риссы мӕ зӕрдӕ.
[3] Ӕз равзарин, мӕ туг-ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ ӕнӕхай куы фӕуаин, стӕй ӕлгъыст куы баййафин, уый дӕр.
[4] Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн скодта хъӕбултӕ, равдыста сын Йӕ намыс, семӕ сарӕзта фидыдтӕ, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ.
[5] Уыдонӕн ис, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уыцы рагфыдӕлтӕ; Чырысти туг ӕмӕ стӕгӕй уыдонӕй у – Уый у, ӕппӕтыл дӕр Кӕй бар цӕуы, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.
[6] Зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ сеппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.
[7] Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ сеппӕт йе 'цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».
[8] Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл.
[9] Мӕнӕ уыцы зӕрдӕвӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу».
[10] Зӕгъӕм ма ноджыдӕр. Ревеккӕйӕн йӕ дыууӕ фырты дӕр иу лӕгӕй уыдысты – нӕ фыдӕл Исаакӕй.
[11] Уӕвгӕ дӕр нӕма райгуырдысты, нӕдӕр хорзӕй, нӕдӕр ӕвзӕрӕй ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй дзы иуы сӕвзӕрста Хуыцау, цӕмӕй, цы снысан кодта,
[12] Уый уа адӕймаджы хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцауӕн Йӕхи куыд бафӕнда, афтӕ. Ревеккӕйӕн дӕр уымӕн загъта: «Хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар».
[13] Сыгъдӕг Фыст уымӕн афтӕ зӕгъы: «Иаковы бауарзтон, Исавыл та Мӕхи атигъ кодтон».
[14] Ныр цы зӕгъӕм? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!
[15] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн. Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».
[16] Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй.
[17] Сыгъдӕг Фысты Хуыцау фараонӕн афтӕ зӕгъы: «Паддзахӕй дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых, ӕмӕ цӕмӕй Мӕ кой айхъуыса ӕппӕт зӕххыл».
[18] Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх, кӕй Йӕ фӕнды, уый та схивӕнд кӕны.
[19] Исчи мын зӕгъдзӕн: «Уӕдӕ ма нӕ цӕй тыххӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?»
[20] Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
[21] Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар нӕ цӕуы, ӕви, цӕмӕй иу ӕлыгӕй иу мигӕнӕн райсбавӕрдӕн скӕна, иннӕ та – иударонӕн?
[22] Афтӕ Хуыцау дӕр – фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесафынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.
[23] Быхста сын, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ намыс райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн Йе стыр намыс равдисынӕн.
[24] Уыцы адӕм мах стӕм – ӕрхуыдта нӕ канд иудейтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕй дӕр,
[25] Осиа-пехуымпары чиныджы Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕ адӕм чи нӕ уыди, уыдоны схондзынӕн Мӕ адӕм, ӕмӕ кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн Мӕ уарзон».
[26] «Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут", уым сӕ схуындӕуыдзӕн цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».
[27] Исай та Израилы тыххӕй хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызон змисы бӕрц куы уа, уӕддӕр сӕ ӕрмӕст иу гыццыл къорд фервӕздзӕн.
[28] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ тӕрхон зӕххыл рахӕсдзӕни тагъд ӕмӕ цӕхгӕр».
[29] Исай-пехуымпар ма ноджыдӕр афтӕ загъта: «Хицау Саваоф нын байзӕддаг куы нӕ ныууагътаид, уӕд мах суыдаиккам Содомау, ахордтаиккам Гоморрӕйы хал».
[30] Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Хуыцауы цӕсты раст уой, муртаттӕ уымӕ нӕ тырныдтой, фӕлӕ сраст сты – сраст сты уырнындзинады фӕрцы.
[31] Израил та агуырдта, Хуыцауы цӕсты йӕ чи сраст кодтаид, ахӕм ӕгъдау, фӕлӕ йӕ не ссардта.
[32] Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл,
[33] Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын, кӕуыл кӕлдзысты ӕмӕ хаудзысты, уыцы дур. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».