[1] Уӕдӕ иудейтӕ иннӕтӕй цӕмӕй хуыздӕр уавӕры сты, кӕнӕ цы пайда дӕтты сунӕт?
[2] Стыр пайда алцӕмӕй дӕр. Уӕлдайдӕр та сын Хуыцау Йӕ ныхас сӕ бӕрны кӕй бакодта, уымӕй.
[3] Уӕдӕ куыд? Кӕд иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн?
[4] Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕмӕй та алчидӕр мӕнгард у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ды раст кӕй дӕ, уый равдисдзысты Дӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ тӕрхон куы хӕссай, уӕд фӕуӕлахиз уыдзынӕ».
[5] Кӕд не 'взӕр митӕй Хуыцауы рӕстдзинад ӕргом кӕны, уӕд цы зӕгъӕм? Афтӕ зӕгъӕм: «Хуыцау раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар куы ныккала, уӕд»? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)
[6] Ницы хуызы! Уӕдӕ Хуыцау дунейӕн ӕндӕр хуызы куыд хъуамӕ стӕрхон кӕна?
[7] Кӕд ӕз иузӕрдион кӕй нӕ дӕн, уый Хуыцауы иузӕрдиондзинад тынгдӕр ӕргом кӕны ӕмӕ Хуыцауы намысыл ӕфтауы, уӕд ма мын тӕригъӕдджынау тӕрхон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
[8] Уӕдӕ ӕвзӕр митӕ кӕнӕм, мыййаг, цӕмӕй хорз расайой? Цыма ӕз ууыл ахуыр кӕнын, ахӕм даутӕ дӕр мыл мысынц чидӕртӕ. Уыдоны баййафдзӕн, цы тӕрхоны аккаг сты, уый.
[9] Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый.
[10] Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Иунӕг рӕстгӕнӕг дӕр нӕй,
[11] Нӕй ӕмбаргӕ адӕймаг, Хуыцауы ничи агуры.
[12] Сеппӕт дӕр ныууагътой Хуыцауы, сты ницӕйаг; хорз чи ракӕна, иу ахӕм адӕймаг нӕй.
[13] Сӕ хъуыр – гом ингӕн, сайынц се 'взагӕй, сӕ былтыл – калмы марг.
[14] Сӕ дзыхтӕй сын ӕлгъыст ӕмӕ масты йеддӕмӕ ницы фехъусдзынӕ.
[15] Сты цӕттӕ ӕвӕстиатӕй туг ныккалынмӕ.
[16] Кӕмдӕриддӕр сты халӕг, семӕ ӕрхӕссынц фыдбылыз,
[17] Фидыдӕй цӕрын нӕ зонынц.
[18] Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц».
[19] Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый йӕ дӕлбар адӕмӕн зӕгъы. Ӕмӕ хи сраст кӕныны тыххӕй йӕ дзых байгом кӕнын никӕй бон бауыдзӕн – ӕгас дуне Хуыцауы раз дзуапп дӕтдзӕн.
[20] Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд цы у, уый Ӕгъдауы руаджы базонӕм.
[21] Фӕлӕ, Ӕгъдаумӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныр байгом, Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй тыххӕй дзурынц, Хуыцауимӕ бафидауыны уыцы фӕндаг.
[22] Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.
[23] Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты,
[24] Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар.
[25] Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,
[26] Цӕмӕй абон равдиса Йӕ рӕстдзинад: Йӕхӕдӕг раст у ӕмӕ раст кӕны Йесойыл ӕууӕндджыты.
[27] Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы ӕгъдау нӕ дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг ӕгъдау.
[28] Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ – уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.
[29] Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейты Хуыцау у, муртатты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртатты Хуыцау дӕр у.
[30] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты – сунӕтгӕндты дӕр, стӕй сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.
[31] Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.