Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:28

[1] Ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагӕй мӕ фӕнды ӕмӕ кувын Хуыцаумӕ, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой.

[2] Ӕз ӕвдисӕн дӕн: Хуыцауыл ӕнувыд сты, фӕлӕ сӕ ӕнувыддзинад у ӕнӕфенд.

[3] Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый, ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.

[4] Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.

[5] Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Йӕ домӕнтӕ йын чи сӕххӕст кӕна, уыцы адӕймаг цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы».

[6] Уырнындзинады фӕрцы адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ?"» (ома, Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ).

[7] «Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?"» (ома, Чырыстийы мӕрдтӕй сыстын кӕнынмӕ).

[8] Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Хуыцауы ныхас дӕм хӕстӕг у, де 'взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас:

[9] Йесо Хицау кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ.

[10] Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты.

[11] Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».

[12] Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.

[13] Уымӕн ӕмӕ «Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн».

[14] Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд?

[15] Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, фехъусын кӕнынмӕ сӕ куы нӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Куыд ӕхцон у фарны уац хӕсджыты ӕрцыд!»

[16] Фӕлӕ сеппӕт фарны уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исай зӕгъы: «Хицау, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?»

[17] Уӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ фӕкӕнай ныхас Чырыстийы тыххӕй .

[18] Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой йӕ. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл айхъуыст сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас анхъӕвзта дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ».

[19] Ноджы ма фӕрсын: Израил уый нӕ зыдта? Фыццаг ӕй Моисей куы зӕгъы: «Ӕз сараздзынӕн афтӕ, ӕмӕ хӕлӕг кӕндзыстут, Мӕ адӕм чи нӕу, уыдонмӕ; смӕсты уӕ кӕндзынӕн ӕнӕфенд адӕмы фӕрцы».

[20] Исай та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи нӕ Мӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, Мӕ базонынмӕ чи нӕ бӕллыд, уыдонӕн».

[21] Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Ӕнӕхъӕн бон, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».

Ромӕгтӕм — Chapters