Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:15

[1] Уӕд Пилат Йесойы радта ехсӕй нӕмынмӕ.

[2] Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, скодтой Йыл сӕнтсырх пӕлӕз.

[3] Бацыдысты-иу Ӕм ӕмӕ Йын дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.

[4] Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».

[5] Уӕд рацыд Йесо сындзын кадыхуды ӕмӕ сӕнтсырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ уыцы Адӕймаг!»

[6] Алчертӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ Йесойы куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы аххос арын».

[7] Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау, ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».

[8] Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр фӕтарст.

[9] Ногӕй та бацыд галуанмӕ ӕмӕ бафарста Йесойы: «Кӕцон дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.

[10] Пилат Ын загъта: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? Дӕ рауадзыны бар дӕр ӕмӕ Дӕ байтындзыны бар дӕр мӕнмӕ кӕй ис, уый нӕ зоныс?»

[11] Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕларвӕй дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».

[12] Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».

[13] Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та – Гаввафӕ, уым сбадт тӕрхонгӕнӕджы бынаты.

[14] Уыди Куадзӕнмӕ цӕттӕ кӕныны бон, ӕхсӕзӕм сахатмӕ ӕввахс. Пилат загъта иудейтӕн: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»

[15] Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Алчертӕ дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».

[16] Ӕппынфӕстаг Пилат сразы семӕ, ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йӕ акодтой.

[17] Йӕ дзуаримӕ Йесо рацыди, Сӕргӕхцы бынат чи хуыйны, дзуттагау та – Голгофӕ, уырдӕм.

[18] Уым Ӕй байтыгътой ӕндӕр дыууӕимӕ Йӕ фӕйнӕфарс, астӕуӕй – Йесойы.

[19] Пилат фӕйнӕгыл ныффыссын кодта ӕмӕ йӕ дзуарыл ныххуыйын кодта; фыст уыди афтӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».

[20] Иудейтӕй йӕ бирӕтӕ кастысты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл.

[21] Иудейаг алчертӕ загътой Пилатӕн: «„Иудейаг Паддзах" ма ныффысс. Ныффысс афтӕ: „Ацы лӕг дзырдта: Ӕз иудейаг Паддзах дӕн"».

[22] Пилат дзуапп радта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».

[23] Ӕфсӕддонтӕ Йесойы куы байтыгътой, уӕд Ын райстой Йӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ цыппар хайыл адих кодтой, алы ӕфсӕддонӕн дӕр иу хай. Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уафт.

[24] Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра кӕмӕ ӕрхауид». Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се 'хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ хӕдоныл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ бакодтой афтӕ.

[25] Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ Мад, Йӕ мадыхо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.

[26] Йесо Йӕ Мады ӕмӕ Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ Мадӕн загъта: «Мӕ Мад, мӕнӕ уый Дӕ фырт у».

[27] Стӕй загъта ахуыргӕнинагӕн: «Мӕнӕ уый дӕ Мад у!» Ӕмӕ Йӕ уӕд ахуыргӕнинаг акодта йӕхимӕ.

[28] Йесо зыдта, ныридӕгӕн ӕппӕт дӕр кӕй сӕххӕст, уый. Ӕмӕ загъта, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыд, уый куыд сӕххӕст уа, афтӕ: «Дойны Мын у».

[29] Уым уыди туаг сӕнӕй дзаг мигӕнӕн. Ӕфсӕддонтӕ губкӕ стылдтой туаг сӕны, ӕрсагътой йӕ иссопыл ӕмӕ Йын ӕй схастой Йӕ дзыхмӕ.

[30] Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд радта Йӕ Фыды къухмӕ.

[31] Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейты нӕ фӕндыди, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл уой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабат стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын.

[32] Уӕд ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Йесоимӕ тыгъд чи уыд, уыдонӕй фыццаг иуӕн, стӕй иннӕмӕн асастой сӕ зӕнгтӕ.

[33] Йесомӕ куы бацыдысты, уӕд Ӕй федтой мардӕй ӕмӕ Йын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой.

[34] Фӕлӕ Йын ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй барӕхуыста Йӕ фарс ӕмӕ дзы уайтагъд ракалд туг ӕмӕ дон.

[35] Ӕппӕт уыдӕттӕ чи федта, уый ӕвдисӕн лӕууы, йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны: раст дзуры, сымах дӕр куыд баууӕндат, афтӕ;

[36] Уымӕн ӕмӕ ай ӕрцыд, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Йе стӕг нӕ асӕтдзӕн».

[37] Ӕмӕ ма ӕндӕр ран дӕр Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ кӕсдзысты».

[38] Уый фӕстӕ аримафейаг Иосиф (уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ не 'ргом кодта, уымӕн ӕмӕ иудейтӕй тарсти) бахатыди Пилатмӕ, цӕмӕй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Иосиф ацыд ӕмӕ Йесойы мард ахаста.

[39] Ӕрцыд Никодим дӕр – кӕддӕр ӕхсӕвы Йесомӕ чи ӕрцыд, уый, – ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ – смирнӕ ӕмӕ алой хӕццӕйӕ.

[40] Уыдон Йесойы мард иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ батыхтой, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕуыл бапырх кодтой, уыцы мӕрддзӕгты.

[41] Дзуарыл Ӕй кӕм байтыгътой, уым уыди дыргъдон, дыргъдоны та – ӕвӕрд кӕм ничима уыд, ахӕм ног зӕппадз.

[42] Иудейаг сабатмӕ бирӕ кӕй нал баззад, ӕмӕ зӕппадз хӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы бавӕрдтой Йесойы.

Иоанн — Chapters