Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:36

[1] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Иоаннӕй фылдӕр аргъауы, зӕгъгӕ, уыцы хабар фарисейтӕм кӕй бахӕццӕ, Йесо уый куы базыдта –

[2] Уӕвгӕ Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, –

[3] Уӕд ныууагъта иудейаг бӕстӕ ӕмӕ ногӕй ацыд Галилеймӕ.

[4] Йӕ фӕндаг уыди Самарийыл.

[5] Ӕмӕ бацыд самариаг сахар Сихармӕ, Иаков йӕ фырт Иосифӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг.

[6] Уым уыди Иаковы цъай. Йесо бастади фӕндагыл ӕмӕ ӕрбадт цъайы цур. Уыдис ӕхсӕзӕм сахатмӕ ӕввахс.

[7] Дон хӕссынмӕ ӕрцыд иу самариаг сылгоймаг. Йесо йын загъта: «Дон-ма Мын ратт».

[8] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ауадысты.

[9] Самариаг сылгоймаг Ын загъта: «Ды иудей куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ иудейтӕ самариӕгтыл не 'рвӕссынц.

[10] Йесо йын дзуапп радта: «Ды Хуыцауы хорзӕх куы зонис, стӕй дӕуӕн „Дон-ма Мын ратт" Зӕгъӕджы дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».

[11] Сылгоймаг Ын загъта: «Ме 'лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй ӕвгӕнӕнгарз дӕр нӕй. Уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?

[12] Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Иаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»

[13] Йесо йын дзуапп радта: «Ацы донӕй чидӕриддӕр нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн.

[14] Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн. Фӕлӕ йын Ӕз цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕн мыггагмӕйы цард дӕттӕг суадон».

[15] Сылгоймаг Ын загъта: «Ме 'лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ дон ӕвгӕнынмӕ ардӕм ма цӕуон».

[16] Йесо йын загъта: «Марадз, бадзур дӕ моймӕ ӕмӕ рацу ардӕм».

[17] Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Мой мын нӕй». Йесо йын загъта: «Мой дын кӕй нӕй, уымӕй ды раст загътай.

[18] Уыди дын фондз мойы, ӕмӕ дын ныртӕккӕ чи ис, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».

[19] Сылгоймаг Ын загъта: «Ме 'лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.

[20] Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой. Сымах та, иудейтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Иерусалимы ис, зӕгъгӕ».

[21] Йесо йын загъта: «Баууӕнд Мыл, хорз ус, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы.

[22] Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейтӕй рацӕудзӕн.

[23] Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ Фыдмӕ кувдзысты Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ Фыдӕн ахӕм кувджытӕ сты фӕндон.

[24] Хуыцау уд у, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувой».

[25] Сылгоймаг Ын загъта: «Мессиа (ома, Чырысти) кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕз зонын. Ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд нын ӕппӕт дӕр бацамондзӕн».

[26] Йесо йын загъта: «Уый Ӕз дӕн, демӕ Ныхасгӕнӕг».

[27] Уыцы рӕстӕг ӕрцыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый сӕ дисы бафтыдта. Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр нӕ загъта: «Цы дӕ хъӕуы?», кӕнӕ «Цӕй фӕдыл ныхас кӕныс йемӕ?»

[28] Сылгоймаг ныууагъта йӕ донхӕссӕн, ацыд сахармӕ ӕмӕ дзуры адӕмӕн:

[29] «Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»

[30] Адӕм рацыдысты сахарӕй ӕмӕ араст сты Йесомӕ.

[31] Ныр Ӕм ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, бахӕр!»

[32] Фӕлӕ сын Уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй нӕ зонут, ахӕм хойраг».

[33] Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Исчи Йын ӕрбахаста хӕринаг?»

[34] Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.

[35] Сымах афтӕ нӕ фӕзӕгъут, мыййаг, цыппар мӕйы ма баззад хуымгӕрдӕнтӕм, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: акӕсут уӕ цӕстытӕй ӕмӕ фенут, хуымтӕ ныридӕгӕн кӕрдинаг кӕй сты, уый.

[36] Хуымгӕрдӕг райсы йӕ мызд ӕмӕ хор ӕмбырд кӕны мыггагмӕйы цардӕн. Афтӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты.

[37] Ам раст уыдзӕн ацы ӕмбисонд: „Иу тауы, иннӕ кӕрды".

[38] Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Иннӕтӕ куыстой, сымах та сын сӕ фӕллойӕ пайда кӕнут».

[39] Цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.

[40] Самариӕгтӕ Йӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Ын лӕгъстӕ кодтой, куыд сӕм афӕстиат уа, афтӕ. Баззади сӕм дыууӕ боны.

[41] Ӕмӕ Йын Йӕхимӕ куы байхъуыстой, уӕд Ыл ноджы фылдӕр адӕм баууӕндыди.

[42] Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр дӕ ныхасӕй нал ӕууӕндӕм, фӕлӕ Йӕм нӕхӕдӕг байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгӕй дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».

[43] Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст Галилеймӕ.

[44] Йесо Йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕйы ӕгад у, зӕгъгӕ.

[45] Галилеймӕ куы ӕрцыд, уӕд Ыл галилейӕгтӕ сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон Иерусалимы уыдысты бӕрӕгбоны ӕмӕ федтой, Йесо уым цы бакодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.

[46] Йесо ногӕй ӕрцыд, дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы галилейаг Канӕмӕ. Уыцы рӕстӕг паддзахы ӕлдӕрттӕй иуӕн йӕ фырт Капернаумы уыди рынчын.

[47] Ӕмӕ Йесо Иудейӕйӕ Галилеймӕ кӕй ӕрцыд, уый куы фехъуыста, уӕд Ӕм ацыд ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта ӕрцӕуыны ӕмӕ, мӕлӕты къахыл чи лӕууыд, йӕ уыцы фырты сдзӕбӕх кӕныны тыххӕй.

[48] Йесо йын дзуапп радта: «Сымах нӕ баууӕнддзыстут, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ куы нӕ фенат, уӕд».

[49] Ӕлдар Ын загъта: «Хицау, ӕрцу, цалынмӕ мӕ фырт нӕ амард, уӕдмӕ».

[50] Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕн». Уый баууӕндыд Йесойы ныхасыл ӕмӕ ацыд.

[51] Фӕндагыл йӕ цагъартӕ фесты йӕ размӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ фырт фӕдзӕбӕхдӕр».

[52] Уый сӕ бафарста: «Кӕцы сахатыл ын фенцондӕр?» Уыдон ын загътой: «Знон ӕвдӕм сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд».

[53] Уӕд фыд базыдта, уый кӕй уыдис, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕни, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон. Ӕмӕ баууӕндыд йӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр.

[54] Афтӕ Йесо дыккаг хатт, Иудейӕйӕ Галилеймӕ ӕрцӕугӕйӕ, скодта диссаг.

Иоанн — Chapters