[1] Йесо та ацыд Елеоны хохмӕ.
[2] Райсомӕй раджы ногӕй ӕрцыд Кувӕндонмӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕм цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын райдыдта амонын.
[3] Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрбакодтой, хӕзгулимӕ кӕй баййӕфтӕуыд, уыцы сылгоймаджы, ӕрлӕууын ӕй кодтой адӕмы раз,
[4] Ӕмӕ загътой Йесойӕн: «Ахуыргӕнӕг, ацы сылгоймаджы баййӕфтӕуыд хӕзгулимӕ.
[5] Моисей нын Ӕгъдауы ахӕм сылгоймӕгты дуртӕй марын бафӕдзӕхста. Ды та цы зӕгъдзынӕ?»
[6] Афтӕ Йӕ ракъахыны тыххӕй фарстой, цӕмӕй Йӕм исты ссарой фӕзылын кӕнынӕн. Йесо та ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе 'нгуылдзӕй фыста зӕххыл.
[7] Фӕлӕ Йӕ куы нал ӕмӕ куы нал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ загъта: «Сымахӕй тӕригъӕды ӕфтыд чи нӕу, уый йыл фыццаг ныццӕвӕд дур».
[8] Ӕмӕ та ногӕй ӕргуыбыр кодта ӕмӕ фыста зӕххыл.
[9] Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд уыдонӕн се 'фсарм райдыдта тӕрхон кӕнын ӕмӕ, хистӕртӕй райдайгӕйӕ, иу иннӕйы фӕдыл сӕхи айстой. Уым ма баззад ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ сылгоймаг Йӕ разы.
[10] Йесо скаст ӕмӕ сылгоймагӕн загъта: «Хорз ус, цы фесты уыцы адӕм? Тӕрхон дын ничи рахаста?»
[11] Уый дзуапп радта: «Ничи, ме 'лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын тӕрхон нӕ хӕссын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».]
[12] Йесо дарддӕр дзырдта адӕмӕн: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕрдзӕн, фӕлӕ йӕм уыдзӕн царды рухс».
[13] Уӕд Ын фарисейтӕ загътой: «Дӕхи тыххӕй Дӕхӕдӕг дзурыс, ӕмӕ Дӕ ныхас ӕцӕг нӕу».
[14] Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый Ӕз зонын. Сымах та нӕ зонут, Ӕз кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый.
[15] Сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Ӕз та никӕмӕн тӕрхон кӕнын.
[16] Фӕлӕ кӕд Ӕз тӕрхон кӕнын, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн – Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис.
[17] Ӕмӕ уӕ Ӕгъдауы дӕр фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.
[18] Ӕз дзурын Мӕхи тыххӕй, Мӕн тыххӕй зӕгъы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр».
[19] Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».
[20] Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнавӕрӕны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
[21] Йесо сын ногӕй загъта: «Ӕз цӕуын, агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдимӕ. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
[22] Уӕд иудейтӕ дзырдтой: «Ау, Йӕхи амардзӕн, афтӕ куы зӕгъы: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?»
[23] Йесо сын загъта: «Сымах дӕллӕгтӕй стут, Ӕз та – уӕллӕгтӕй. Сымах ацы дунейӕ стут, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.
[24] Гъе, Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН , ӕмӕ ууыл куы нӕ баууӕндат, уӕд амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ».
[25] Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.
[26] Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ зӕгъын ӕмӕ уын тӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл ис ӕууӕндӕн, ӕмӕ Ӕз Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕст уый дзурын дунейӕн».
[27] Йесо сын Йӕ Фыды тыххӕй кӕй дзырдта, уый нӕ бамбӕрстой.
[28] Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: ӔЗ ДӔН, Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.
[29] Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».
[30] Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд Ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.
[31] Уӕд Ыл цы иудейтӕ баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕг Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут,
[32] Ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн».
[33] Йесойӕн загътой: «Мах Авраамы байзӕддаг стӕм ӕмӕ цагъартӕ никуы никӕмӕн уыдыстӕм. Уӕд Ды куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут"?»
[34] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: тӕригъӕды чи ӕфты, уый тӕригъӕды цагъар у.
[35] Цагъар йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ.
[36] Уӕдӕ Фырт сымах куы ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар.
[37] Ӕз зонын, Авраамы байзӕддаг кӕй стут, уый. Уӕддӕр Мӕ хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ дзырд нӕ хъары.
[38] Ӕз Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый дзурын. Сымах дӕр уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый кӕнут».
[39] Дзуапп Ын радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.
[40] Сымах та Мӕн, Хуыцауӕй ӕцӕгад фехъусӕг ӕмӕ уын ӕй радзурӕг Адӕймаджы, амарынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта.
[41] Сымах уӕ фыды хъуыддӕгтӕ нӕ уадзут». Уӕд Ын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад не стӕм. Иу Фыд нын ис – Хуыцау».
[42] Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ардӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не 'рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста.
[43] Ӕз цы зӕгъын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхасмӕ хъусын нӕ фӕразут.
[44] Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй лӕгмар уыди, ӕцӕгад ӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕцӕгад нӕй. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгарддзинады фыд.
[45] Ӕз та ӕцӕг кӕй зӕгъын, уый тыххӕй Мыл не 'ууӕндут.
[46] Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут?
[47] Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы. Сымах та Хуыцауӕй кӕй не стут, уый тыххӕй нӕ хъусут».
[48] Иудейтӕ Йын загътой: «Ды самариаг ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уымӕй раст нӕ зӕгъӕм, ӕви?»
[49] Йесо дзуапп радта: «Ӕз хӕйрӕджджын нӕ дӕн, фӕлӕ Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут.
[50] Фӕлӕ Ӕз Мӕхицӕн намысмӕ нӕ тырнын. Ис Мӕнӕн намысмӕ Тырнӕг – Уый тӕрхонгӕнӕг у.
[51] Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн».
[52] Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн".
[53] Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты. Дӕхицӕй цы аразыс?»
[54] Йесо дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн намысгӕнӕг, уӕд Мӕ намыс ницы у. Сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Мӕнӕн Мӕ уыцы Фыд у намысгӕнӕг.
[55] Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Йӕ дзырд.
[56] Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме 'рцыды бон кӕй фендзӕн, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс».
[57] Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Дӕуыл дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕр куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы федтай?»
[58] Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ ДӔН».
[59] Уӕд систой дуртӕ, куыд Ыл сӕ ныццӕвой, афтӕ. Фӕлӕ Йесо фӕаууон ӕмӕ рацыд Кувӕндонӕй .