Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 9:38

[1] Уый фӕстӕ Йесо ацыд Галилейы, ома, Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.

[2] Йӕ фӕдыл ацыд бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ федтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ кӕй равдыста, уыцы диссӕгтӕ.

[3] Йесо схызт хохмӕ ӕмӕ уым бадт Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.

[4] Ӕрхӕстӕг Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.

[5] Йесо ракаст, ӕмӕ йӕм бирӕ адӕм кӕй цыди, уый куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадынӕн кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?»

[6] Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕн, уый.

[7] Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ кӕрдзын дӕр не сфаг уыдзӕн».

[8] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта:

[9] «Ам иу лӕппумӕ ис хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у утӕппӕт адӕмӕн?»

[10] Йесо загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм ӕрбадтысты; нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.

[11] Йесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ байуӕрста, бадгӕ чи кодта, уыдоныл. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц.

[12] Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ».

[13] Ӕрӕмбырд сӕ кодтой, ӕмӕ хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды – чи хордта, уыдоны уӕлдӕйттӕ.

[14] Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у».

[15] Адӕм ӕрбацӕуынмӕ ӕмӕ Йӕ тыххӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ кӕй хъавынц, Йесо уый куы базыдта, уӕд та иунӕгӕй ацыд хохмӕ.

[16] Куы баизӕр, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныццыдысты денджызмӕ,

[17] Сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг, Йесо зынӕг та нӕма уыд.

[18] Дымдта тыхджын дымгӕ ӕмӕ денджыз фӕйлыдта.

[19] Фондз ӕмӕ ссӕдз – дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы ацыдысты, уӕд Йесойы федтой денджызыл къахӕй цӕугӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕргӕнгӕ, ӕмӕ фӕтарстысты.

[20] Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».

[21] Фӕндыди сӕ Уый бӕлӕгъы сбадын кӕнын, фӕлӕ бӕлӕгъ уайтӕккӕ бахӕццӕ, цы былмӕ цыдысты, уырдӕм.

[22] Денджызы иннӕ былыл цы адӕм баззад, уыдонӕн дыккаг бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, знон былыл иунӕг бӕлӕгъ кӕй уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ не сбадти уыцы бӕлӕгъы – иунӕгӕй ацыдысты.

[23] Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрцӕуӕг ӕндӕр бӕлӕгътӕ хӕстӕг бацыдысты, Хицауы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ.

[24] Нӕдӕр Йесо, нӕдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ам кӕй не сты, уый адӕм куы федтой, уӕд сбадтысты бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг бахӕццӕ сты Капернауммӕ.

[25] Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ын загътой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?»

[26] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.

[27] Фесӕфӕн цы хойрагӕн ис, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уыцы хойраг уын ратдзӕн Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд-Хуыцау радта».

[28] Уӕд Ын загътой: «Нӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн фӕндон куыд уой, уый тыххӕй нын цы гӕнгӕ у?»

[29] Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын – гъе уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».

[30] Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй йӕ фенӕм ӕмӕ Дыл баууӕндӕм? Дӕ бон цы бакӕнын у?

[31] Нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы маннӕ хордтой, фыст куыд у, афтӕ: „Уӕларвӕй сын радта дзул хӕрынӕн"».

[32] Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын уӕларвӕй Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул.

[33] Уымӕн ӕмӕ уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у Хуыцауы дзул».

[34] Уӕд Ын загътой: «Хицау, дӕтт нын кӕддӕриддӕр уыцы дзул».

[35] Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг нал сыстонг уыдзӕн, ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.

[36] Фӕлӕ уын раздӕр куыд загътон, афтӕ Мӕ кӕд федтат, уӕддӕр не 'ууӕндут.

[37] Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уый Мӕнмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Мӕнмӕ ӕрцӕуӕджы нӕ фӕтӕрдзынӕн.

[38] Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.

[39] Мӕ Рарвитӕгӕн та фӕндон у, цӕмӕй Уый Мӕнӕн кӕй радта, уыдонӕй Ӕз макӕй фесафон, фӕлӕ сеппӕты дӕр райгас кӕнон фӕстаг бон.

[40] Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды фӕнды, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».

[41] Уӕд Ыл иудейтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын, «Ӕз уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул дӕн» кӕй загъта, уый тыххӕй.

[42] Уыдон дзырдтой: «Ай Иосифы фырт Йесо нӕу, мыййаг? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ Мады дӕр куы зонӕм, уӕд Уый куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн"?»

[43] Йесо сын дзуапп радта: «Ма хъуыр-хъуыр кӕнут.

[44] Мӕнмӕ ӕрцӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕркӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

[45] Пехуымпартӕм фыст у: „Ӕмӕ Хуыцау сеппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн". Фыдӕй чи фехъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрцӕуы Мӕнмӕ.

[46] Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.

[47] Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард.

[48] Ӕз дӕн царды дзул.

[49] Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы маннӕ хордтой, уӕддӕр амардысты.

[50] Уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул та ахӕм у, ӕмӕ дзы чи хӕра, уымӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн.

[51] Ӕз дӕн уӕларвӕй ӕрцӕуӕг царддӕттӕг дзул. Уыцы дзул чи хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз цы дзул ратдзынӕн, уый та у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».

[52] Уӕд иудейтӕ кӕрӕдзиимӕ райдыдтой быцӕу кӕнын: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕн хӕрынмӕ?»

[53] Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Адӕймаджы Фырты Буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куы нӕ нуазат, уӕд уӕм цард нӕ уыдзӕн.

[54] Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард, ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

[55] Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та – ӕцӕг нозт.

[56] Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу Мемӕ ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.

[57] Мӕн цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Фыды лӕвӕрд цардӕй куыд цӕрын, афтӕ Мӕн чи хӕры, уый дӕр цӕрдзӕн Мӕ лӕвӕрд цардӕй.

[58] Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу – чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».

[59] Йесо афтӕ дзырдта, Капернаумы синагогӕйы куы амыдта, уӕд.

[60] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхас кӕны! Уыдӕттӕ хъусын кӕй бон у?»

[61] Ахуыргӕнинӕгтӕ ууыл кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, Йесо уый ӕнӕ зӕгъгӕйӕ дӕр зыдта ӕмӕ сын загъта: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?

[62] Адӕймаджы Фырт раздӕр кӕм уыд, уырдӕм Ӕй ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?

[63] Хуыцауы Уд цард дӕтты, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.

[64] Фӕлӕ сымахӕй иуӕй-иутӕ не 'ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не 'ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕн, уый дӕр.

[65] Йесо дарддӕр загъта: «Гъе, Ӕз уын уый тыххӕй дзырдтон, Мӕнмӕ ӕрцӕуын никӕй бон у, зӕгъгӕ, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд».

[66] Уый фӕстӕ Йӕ ныууагътой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ӕмӕ нал цыдысты Йемӕ.

[67] Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта дыууадӕсӕн: «Сымах дӕр фӕнды Мӕ ныууадзын?»

[68] Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ сты мыггагмӕйы цард дӕттӕг ныхӕстӕ.

[69] Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый ».

[70] Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ сӕвзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».

[71] Йесо афтӕ загъта Симон Искариоты фырт Иудӕйы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иудӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу уыдис, фӕлӕ Йыл фӕстӕдӕр рацыд гадзрахатӕй.

Иоанн — Chapters