[1] Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейӕйыл цӕуын та Йӕ нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейтӕ агуырдтой амарынмӕ.
[2] Ӕрхӕстӕг иудейаг бӕрӕгбон – Халагъудты бӕрӕгбон .
[3] Уӕд Йесойӕн Йе 'фсымӕртӕ загътой: «Араст у ардыгӕй ӕмӕ ацу Иудейӕмӕ; уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр феной, Ды цы хъуыддӕгтӕ кӕныс, уый.
[4] Зындгонд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ».
[5] Суанг Ыл Йе 'фсымӕртӕ дӕр не 'ууӕндыдысты.
[6] Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы.
[7] Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейы бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕвдисӕн лӕууын, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.
[8] Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та ацы бӕрӕгбонмӕ нӕ цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ралӕууыд».
[9] Йесо сын загъта уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ баззад Галилейы.
[10] Фӕлӕ Йе 'фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр ацыд бӕрӕгбонмӕ, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ, фӕлӕ Йӕ куыд ничи базыдтаид, афтӕ.
[11] Иудейтӕ та Йӕ агуырдтой бӕрӕгбоны ӕмӕ фарстой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?»
[12] Йесойы тыххӕй адӕм сусӕгӕй кодтой алы ныхас. Иутӕ дзырдтой: «Уый хорз адӕймаг у». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Нӕ, Уый адӕмыл сайдӕй цӕуы».
[13] Ӕниу, иудейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргомӕй ничи ницы дзырдта.
[14] Бӕрӕгбон йе 'мбисыл куы уыд, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ амыдта.
[15] Иудейтӕ дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Куы никӕм ахуыр кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд зоны?»
[16] Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ ахуырад Мӕнӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй у.
[17] Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у, ӕви Ӕз Мӕхи номӕй дзурын.
[18] Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы кадмӕ Чи бӕллы, Ууыл ис ӕууӕндӕн – мӕнгдзинад Ӕм нӕй.
[19] Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сымахӕй ничи цӕры. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»
[20] Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»
[21] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз иу хъуыддаг бакодтон, ӕмӕ сымах уеппӕт дӕр дисы бафтыдыстут.
[22] Моисей уын радта сунӕты ӕгъдау, ӕниу, уый Моисейӕ нӕ, фӕлӕ уӕ рагфыдӕлтӕй баззад, ӕмӕ сабаты сунӕт кӕнут адӕймагӕн.
[23] Кӕд Моисейы Ӕгъдау нӕ фехалыны сӕраппонд адӕймагӕн сабаты скӕнынц сунӕт, уӕд Ӕз сабаты рынчыны къахӕй-къухмӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм смӕсты стут?
[24] Уӕ тӕрхон уӕлӕнгай ма уӕд, фӕлӕ-иу скӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон».
[25] Уӕд иерусалимӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Марынмӕ кӕй агурынц, ай Уый нӕу?
[26] Мӕнӕ ныхас кӕны ӕргомӕй, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ ӕцӕгдӕр базыдтой, Чырысти кӕй у, уый?
[27] Фӕлӕ кӕцон у, уый мах зонӕм. Чырысти та куы ӕрцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕн».
[28] Йесо Кувӕндоны куы амыдта, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Зонут Мӕ, стӕй кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут. Ӕз Мӕхи номӕй не 'рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл ис ӕууӕндӕн. Сымах Ӕй нӕ зонут,
[29] Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста».
[30] Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
[31] Адӕмӕй та Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»
[32] Адӕм Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй сусу-бусу кӕнынц, уый фехъуыстой фарисейтӕ. Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ арвыстой Кувӕндон хъахъхъӕнджыты Йе 'рцахсынмӕ.
[33] Йесо загъта: «Бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ – Мӕ Рарвитӕгмӕ цӕуын.
[34] Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут. Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
[35] Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви?
[36] Цы ныхӕстӕ загъта, уыдон цы амонынц: „Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут", ӕмӕ „Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?»
[37] Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ баназӕд.
[38] Сыгъдӕг Фыст куыд амоны, афтӕ Мӕныл ӕууӕндӕджы зӕрдӕйӕ ныггуылф кӕндзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ».
[39] Йесо афтӕ загъта, Ууыл ӕууӕндджытӕ Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдӕг Уды тыххӕй. Уӕд Сыгъдӕг Уды нӕма рарвыстӕуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы намыс нӕма раргом.
[40] Йесо цы загъта, уый адӕм куы фехъуыстой, уӕд дзы иутӕ дзырдтой: «Уый ӕнӕмӕнг пехуымпар у».
[41] Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Чырысти у». Аннӕтӕ та дзырдтой: «Ӕмӕ Чырысти Галилейӕ ӕрцӕудзӕн?
[42] Чырысти Давиды байзӕддагӕй кӕй уыдзӕн, Давид кӕцӕй уыди, Вифлеемы уыцы хъӕуӕй кӕй ӕрцӕудзӕн, Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕу, ӕви?»
[43] Ӕмӕ Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд.
[44] Уыдонӕй Йӕ чидӕртӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд.
[45] Алчертӕм ӕмӕ фарисейтӕм хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕркодтат?»
[46] Хъахъхъӕнджытӕ дзуапп радтой: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта».
[47] Фарисейтӕ сын загътой: «Ау, сымах дӕр асайдта?
[48] Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыд?
[49] Ацы ӕнӕфенд адӕм та Моисейы Ӕгъдауӕн ницы зонынц, ӕлгъыст сты».
[50] Фарисейтӕй иу, кӕддӕр Йесомӕ чи ӕрцыд, уыцы Никодим сын загъта:
[51] «Раздӕр уал ӕм куы нӕ байхъуыстӕуа, цы гӕнӕг у, уый куы нӕ базындӕуа, уӕд афтӕмӕй мах Ӕгъдау тӕрхон кӕны адӕймагӕн?»
[52] Уыдон ын загътой: «Ды дӕр Галилейӕ дӕ? Раиртас Фыст ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ пехуымпар кӕй нӕ уыдзӕн, уый».
[53] [Ӕмӕ сеппӕт дӕр ацыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм.