Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:54

[1] Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та – сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.

[2] Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не 'рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.

[3] Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхасӕй.

[4] Ут Мемӕ, ӕмӕ Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Къалиу сӕнӕфсиры талайыл куы нӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не 'рхӕсдзыстут, Мемӕ куы нӕ уат, уӕд.

[5] Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та – къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы кӕнын у.

[6] Мемӕ чи нӕ уа, уый ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн къалиуау ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ басудзынц.

[7] Сымах Мемӕ куы уат, ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.

[8] Сымах бирӕ пайда куы ӕрхӕссат ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды намыс.

[9] Мӕ Фыд Мӕн куыд бауарзта, Ӕз дӕр уӕ афтӕ бауарзтон. Уӕдӕ ут хайджын Мӕ уарзтӕй.

[10] Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.

[11] Адӕттӕ уын загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй уат хайджын, ӕмӕ уӕ цинӕн ма уа кӕрон.

[12] Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ уарзут кӕрӕдзи.

[13] Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.

[14] Сымах та Мӕ хӕлӕрттӕ стут, Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд.

[15] Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ йӕ хицау цы кӕны, цагъар уый нӕ зоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз Мӕ хӕлӕрттӕ схуыдтон, уымӕн ӕмӕ уын загътон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.

[16] Сымах Мӕ нӕ сӕвзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз сӕвзӕрстон, ӕмӕ уын бахӕс кодтон цӕуын ӕмӕ пайда дӕттын, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн.

[17] Мӕнӕ уын Ӕз фӕдзӕхсын: уарзут кӕрӕдзи.

[18] Дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд зонут – сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.

[19] Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз дунейӕ кӕй сӕвзӕрстон, уый тыххӕй уӕ уыны дуне йе сӕфт.

[20] Ӕз уын цы ныхас загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу". Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.

[21] Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.

[22] Ӕз куы не 'рцыдаин ӕмӕ сын куы нӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты.

[23] Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны.

[24] Ӕз сӕ разы куы нӕ скодтаин, ӕндӕр исчи кӕй нӕ сарӕзтаид, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.

[25] Фӕлӕ афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, сӕ Ӕгъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт".

[26] Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы – ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй рацӕуы, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕн Мӕн тыххӕй.

[27] Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.

Иоанн — Chapters