[1] Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны цы ныхасӕн уа, уый банымадӕуы растыл».
[2] Ӕз уӕм дыккаг хатт куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн сеппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.
[3] Уымӕн ӕмӕ сымах агурут ӕвдисӕйнаг, мӕ дзыхӕй Чырысти дзуры ӕви нӕ. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе 'хсӕн.
[4] Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ Йемӕ цӕрдзыстӕм сымахӕн.
[5] Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.
[6] Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый.
[7] Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый охыл нӕу, ӕмӕ цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм – фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмӕй куы нӕ зынӕм, уӕд дӕр.
[8] Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгады ныхмӕ ӕнӕбон стӕм, ӕцӕгады сӕраппонд та – тыхджын.
[9] Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та – тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм.
[10] Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Хицау цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
[11] Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.
[12] Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Салам уын дӕттынц сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
[13] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, Хуыцауы уарзтӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удимӕ иудзинадӕй уеппӕт дӕр ут хайджын.