[1] Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕндон – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.
[2] Ныр та уал хъӕрзӕм – бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ.
[3] Уӕдӕ нӕ зӕххон буар куы раласӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм.
[4] Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм уаргъы бын. Уый тыххӕй нӕ хъӕрзӕм, ӕмӕ мах нӕ зӕххон буарӕй рахизын фӕнды; мах бӕллӕм уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ, цард мӕлинаджы куыд аныхъуыра, афтӕ.
[5] Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Удӕй.
[6] Уымӕ гӕсгӕ мах кӕддӕриддӕр стӕм ныфсджын ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары цӕрӕм, уӕдмӕ Хицауӕй дард стӕм.
[7] Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй.
[8] Стӕм ныфсджын, ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцӕрын.
[9] Уӕдӕ буары уӕм ӕви нӕ, нӕхи хъарӕм Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл.
[10] Уымӕн ӕмӕ неппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алчидӕр райса, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
[11] Мах зонӕм Хицауы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Хуыцау уыны нӕ зӕрдӕ; ӕнхъӕл дӕн, сымах дӕр мах тыххӕй зонут ӕппӕт дӕр.
[12] Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.
[13] Кӕд сонт стӕм, уӕд – Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд – сымах сӕраппонд.
[14] Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты – мах уый куы бамбӕрстам, Чырыстийы уарзт уӕдӕй фӕстӕмӕ ауды махыл.
[15] Чырысти амард ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас, Уымӕн.
[16] Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.
[17] Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у – йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
[18] Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.
[19] Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта – адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.
[20] Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах, ӕмӕ цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
[21] Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.