[1] Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
[2] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.
[3] Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.
[4] Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй – тынг фӕразонӕй нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, тыхст уавӕрты,
[5] Над ӕййафгӕйӕ, ахӕстӕтты, нӕ ныхмӕ сыстыны рӕстӕг, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.
[6] Нӕхи ӕвдисӕм нӕ сыгъдӕг цардӕй, зонынадӕй, бирӕбыхсон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар кӕй стӕм, уымӕй, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕнӕцӕстмӕ уарзтӕй,
[7] Ӕцӕгады ныхасӕй, Хуыцауы хъаруйӕ. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.
[8] Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;
[9] Зындгонд не стӕм, фӕлӕ нӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм;
[10] Ӕфтауынц нӕ зӕрдӕхъыджы, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; мах стӕм гӕвзыкк, фӕлӕ схъӕздыг кӕнӕм бирӕты; ницы нӕм ис, фӕлӕ нӕм ӕппӕт дӕр ис.
[11] Коринфӕгтӕ, мах уын ӕргомӕй дзурӕм, гом уын сты нӕ зӕрдӕтӕ.
[12] Бынат уын ис нӕ зӕрдӕты, махӕн та уӕ зӕрдӕты фаг бынат нӕй.
[13] Мӕ хъӕбултӕн зӕгъӕгау уын зӕгъын: сымах дӕр нын ӕй бафидут уымӕй – бынат нын раттут уӕ зӕрдӕты.
[14] Ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы уӕхи ма сифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?
[15] Чырыстийӕн велиаримӕ бафидауӕн ис, мыййаг? Кӕнӕ уырнӕджы цы бӕтты ӕнӕуырнӕгимӕ?
[16] Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.
[17] Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се 'хсӕнӕй ӕмӕ сӕ рахицӕн ут, зӕгъы Хицау, чъизи цы у, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.
[18] Ӕмӕ уын уыдзынӕн Фыд, сымах та Мын уыдзыстут фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».