[1] Павелӕй, адӕмы уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырыстийы фӕндӕй ӕмӕ Чырыстийы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд-Хуыцауы фӕндӕй апостолӕй кӕй сӕвӕрдӕуыд, уымӕй,
[2] Стӕй мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.
[3] Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
[4] Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ – афтӕ бафӕндыди нӕ Фыд Хуыцауы.
[5] Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
[6] Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр фарны уацмӕ уе 'ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.
[7] Уый ӕндӕр фарны уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы фарны уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ.
[8] Фӕлӕ уын суанг мах, кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм фарны уац, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг.
[9] Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр фарны уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд.
[10] Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.
[11] Зонут ӕй, ме 'фсымӕртӕ: ӕз цы фарны уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд.
[12] Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.
[13] Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат.
[14] Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.
[15] Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд
[16] Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.
[17] Мӕ размӕ апостол чи сси, уыдонмӕ нӕ ацыдтӕн Иерусалиммӕ, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, уырдыгӕй та ӕрбаздӕхтӕн Дамаскмӕ.
[18] Стӕй, ӕртӕ азы фӕстӕ, ацыдтӕн Иерусалиммӕ, цӕмӕй базонгӕ уон Кифӕимӕ; ӕмӕ йӕм фӕдӕн фынддӕс боны.
[19] Иннӕ апостолтӕй, Хицауы ӕфсымӕр Иаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
[20] Цы уӕм фыссын, зӕгъын уын Хуыцауы раз, уымӕй та сайгӕ нӕ кӕнын.
[21] Уый фӕстӕ ацыдтӕн Сири ӕмӕ Киликимӕ.
[22] Иудейӕйы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн.
[23] Ӕрмӕст фехъуыстой, зӕгъгӕ, кӕддӕр сӕ чи ӕфхӕрдта, уый ныр, раздӕр йӕ фесафыныл кӕмӕн архайдта, уыцы уырнындзинады тыххӕй хъусын кӕны фарны уац.
[24] Ӕмӕ мӕн тыххӕй кад кодтой Хуыцауӕн.