Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:36

[1] Уымӕ гӕсгӕ хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ не 'рцӕуын, ногӕй та уын зӕрдӕхъыджы хос куыд нӕ разынон, афтӕ.

[2] Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ?

[3] Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у.

[4] Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.

[5] Ӕмӕ кӕд исчи искӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ – ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ – иуцасдӕр уеппӕты дӕр.

[6] Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.

[7] Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.

[8] Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын.

[9] Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.

[10] Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон,

[11] Цӕмӕй нын хӕйрӕг зиан ма ӕрхӕсса – йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.

[12] Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди,

[13] Уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме 'фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.

[14] Бузныг Хуыцауӕй – Уый мах, уӕлахиздзаутау, кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац, ӕхсызгон хӕрздӕфау, Хуыцау мах руаджы хӕлиу кӕны алы ран дӕр.

[15] Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.

[16] Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та – царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?

[17] Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.

2 Коринфӕгтӕм — Chapters