Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:19

[1] О, куы мын бабыхсиккат, иуцасдӕр ӕнӕзонд куы уон, уӕд! Цӕй ӕмӕ мын бабыхсут.

[2] Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иу Лӕгӕн – Чырыстийӕн – ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.

[3] Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд куы сзыгъуыммӕ уа, ӕмӕ Чырыстийы куы нал уарзат сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй.

[4] Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм уд, ӕмӕ фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм фарны уацмӕ.

[5] Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.

[6] Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонгӕ та кӕнын – уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр.

[7] Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон, ӕмӕ уын Хуыцауы фарны уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн?

[8] Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ – сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон.

[9] Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.

[10] Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн – ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ.

[11] Цӕмӕн афтӕ дарын мӕхи? Кӕй уӕ нӕ уарзын, уый тыххӕй? Хуыцау ӕвдисӕн: ӕз уӕ бирӕ уарзын. Фӕлӕ мӕхи куыд дардтон, афтӕ дардзынӕн нырӕй фӕстӕмӕ дӕр,

[12] Цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не 'мсӕр сты, уыйау.

[13] Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты.

[14] Уым диссагӕй ницы ис: хӕйрӕг дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй.

[15] Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый ӕнӕрцӕугӕ хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

[16] Зӕгъын ма уын: ӕнӕзондыл мӕ мачи нымайӕд. Фӕлӕ мӕ кӕд ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр мыл барвӕссут ахӕмӕй дӕр, цӕмӕй уын иуцасдӕр раппӕлон мӕхицӕй.

[17] Ӕз ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уый Хицауӕн фӕндон нӕу – райдайдзынӕн мӕхицӕй ӕппӕлын ӕнӕзондау.

[18] Сӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй куыд ӕппӕлынц, афтӕ ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн мӕхицӕй.

[19] Уымӕн ӕмӕ сымах, зондджынтӕ, ӕнӕзӕндтыл зӕрдиагӕй ӕууӕндут.

[20] Сымах ӕууӕндут, цагъартӕ уӕ чи кӕны, уӕ мулк уын чи хӕры, йӕ дӕлбар уӕ чи кӕны, сымахӕй уӕлдӕр йӕхи чи ӕвӕры, уӕ цӕсгом уын чи цӕвы, уыдоныл.

[21] Ӕфсӕрмы кӕнын йӕ зӕгъынӕй дӕр: уыдӕттӕ бакӕнынӕн нӕм фаг хъару нӕ разынди. Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр – ме 'нӕзондӕй йӕ зӕгъын – мӕ ныфс хӕссын.

[22] Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр.

[23] Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм.

[24] Иудейты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы;

[25] Ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой лӕдзджытӕй; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн; ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны уӕлӕ, арвыстон;

[26] Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй;

[27] Мӕ куыст уыди уӕззау; арӕх хуыссӕгӕй не 'фсӕстӕн; ӕййӕфтон стонг ӕмӕ дойны; арӕх мӕ гуыбын дӕр не 'фсӕстон; фӕрӕзтон уазал ӕмӕ бӕгънӕгӕн.

[28] Уыдӕттӕй уӕлдай мыл ӕвӕрд ис ӕппӕт аргъуантыл сагъӕсты ӕрвылбоны уаргъ дӕр.

[29] Чи слӕмӕгъ, ӕмӕ ӕз йемӕ ма слӕмӕгъ уон? Чи фӕкалд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ма судза?

[30] Кӕд мӕн мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд мӕ бон раппӕлын у, лӕмӕгъ кӕй дӕн, уымӕй.

[31] Ӕз мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый зоны Хицау Йесойы Хуыцау ӕмӕ Фыд – арфӕгонд уӕд мыггагмӕ!

[32] Паддзах Аретайы ӕлдар мӕн ӕрцахсыны тыххӕй Дамаскы сахары рацӕуӕнтӕ хъахъхъӕдта. Фӕлӕ мӕ рудзынгӕй тӕсчъы ӕруагътой сисыл, ӕмӕ йӕ къухмӕ нӕ бахаудтӕн.

2 Коринфӕгтӕм — Chapters