[1] Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр.
[2] Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕстдарджыты дӕлбар.
[3] Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.
[4] Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,
[5] Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны суӕгъд кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йӕхицӕн сараза хъӕбултӕ.
[6] Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!»
[7] Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дын Хуыцау ратдзӕн, Йӕ хъӕбултӕн Ӕм цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй.
[8] Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.
[9] Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?
[10] Сымах бӕрӕг кӕнут сӕрмагонд бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ.
[11] Сымахмӕ мӕ фӕллой дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.
[12] Лӕгъстӕ уын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут мӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр сымах хуызӕн адӕймаг дӕн. Сымах мӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстут.
[13] Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт фарны уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн.
[14] Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕрвӕссон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
[15] Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн.
[16] Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?
[17] Иннӕтӕ уыл ӕнувыд сты, ӕрмӕст зӕрдиагӕй нӕ – архайынц уӕ фӕхицӕн кӕныныл, цӕмӕй сымах уыдоныл уат ӕнувыд.
[18] Ӕнувыдӕй хи ӕвдисын хорз у, нысан хорз куы уа, уӕд, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ахӕмӕй баззайын, фӕлӕ ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ.
[19] Мӕ хъӕбултӕ, арӕг усау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.
[20] Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.
[21] Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон – Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут?
[22] Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты – сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та – сӕрибар сылгоймагӕй».
[23] Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та – Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
[24] Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы гуыры цагъартӕ – уый у Агар.
[25] Агар амоны Синайы хох Аравийы – фӕсномыгӕй уый у абоны Иерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.
[26] Уӕларвон Иерусалим та сӕрибар у – неппӕты мад.
[27] Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, чи нӕ ары, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг. Ныхъхъӕр кӕн фырцинӕй, арыны хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уыцы сылгоймаг. Уымӕн ӕмӕ мойджынӕй уагъдӕн дзӕвгар фылдӕр хъӕбултӕ ис».
[28] Ӕфсымӕртӕ, Исаакау сымах Хуыцауы зӕрдӕвӕрды хъӕбултӕ стут.
[29] Фӕлӕ ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырӕг уды ӕгъдауӕй райгуырӕджы уӕд куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у ныр дӕр.
[30] Цы зӕгъы Сыгъдӕг Фыст? «Фӕсур цагъар сылгоймаджы ӕмӕ йӕ лӕппуйы, уымӕн ӕмӕ цагъар сылгоймаджы лӕппуйӕн фыды бынтӕй хай нӕ уыдзӕн – сӕрибар сылгоймаджы лӕппуйы бауыдзысты».
[31] Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.