[1] Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
[2] Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни.
[3] Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у.
[4] Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй.
[5] Мах та разӕнгард кӕны Сыгъдӕг Уд, ӕмӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау мах кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ.
[6] Уымӕн ӕмӕ мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд сунӕт скӕнай, ма скӕнай – уӕлдай нӕу; ахсджиаг у, йӕ тых уарзты мидӕг кӕмӕн ис, ӕрмӕст ахӕм уырнындзинад.
[7] Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат?
[8] Ахӕм зондыл уӕ уе 'рхонӕг Хуыцау нӕ сардыдта.
[9] Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны.
[10] Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Хицауы фӕрцы фидарӕй дарын мӕ зӕрдӕ. Уӕ зонд уын чи змӕнты, чидӕриддӕр уӕд, баййафдзӕн ӕфхӕрд.
[11] Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.
[12] О, уӕ зонд уын чи змӕнты, уыдон сӕхи куы бардузиккой!
[13] Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.
[14] Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».
[15] Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзи ӕхсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд уӕхи хизут кӕрӕдзи фӕцӕгъдынӕй.
[16] Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут.
[17] Уымӕн ӕмӕ Уды цы фӕнды, уый тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый та Уды нӕ фӕнды. Уыдон кӕрӕдзи ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.
[18] Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут.
[19] Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ,
[20] Мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзи не 'мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,
[21] Хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.
[22] Уд та дӕтты уарзт, цин, фарн, фӕразондзинад, адӕймаджы кӕны зӕрдӕхӕлар, рӕдау, иузӕрдион,
[23] Ӕвӕлмас, хиуылхӕцгӕ. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары.
[24] Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.
[25] Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.
[26] Ма уӕм цытуарз, кӕрӕдзи ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм.