Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:49

[1] Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, ӕвӕлмасӕй раздахут раст фӕндагмӕ; уыимӕ кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уын тӕригъӕд уӕхи дӕр ма сцыбӕл кӕна.

[2] Иу иннӕйы царды уаргъӕй бахай кӕнӕд йӕхицӕн, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзыстут Чырыстийы ӕгъдау.

[3] Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.

[4] Алчидӕр кӕсӕд йӕхи хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ кӕйдӕр хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд йӕхи хъуыддӕгтӕ цавӕр сты, ӕрмӕст уымӕй раппӕлдзӕн йӕхицӕй.

[5] Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн.

[6] Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ алы исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.

[7] Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.

[8] Йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕфсадынӕн чи тауы, уый ӕркӕрддзӕни мӕлӕт; Уд ӕфсадынӕн чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.

[9] Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.

[10] Ӕмӕ цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.

[11] Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон!

[12] Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл уымӕн ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.

[13] Уымӕн ӕмӕ сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не 'ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат, ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл.

[14] Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд – раппӕлдзынӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та – дунейӕн.

[15] Уымӕн ӕмӕ сунӕт скӕнай, ма скӕнай – уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын.

[16] Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ӕмӕ Хуыцауы Израил хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй.

[17] Нырӕй фӕстӕмӕ мыл уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын.

[18] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд, ӕфсымӕртӕ. Амен.

Галатӕгтӕм — Chapters