Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:19

[1] О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]?

[2] Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?

[3] Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр уӕхи хъарутӕй фӕуынмӕ хъавут?

[4] Цытӕ бавзӕрстат, уый дзӕгъӕлы фӕци? Ау, дзӕгъӕлы фӕци!

[5] Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе 'хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?

[6] Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл».

[7] Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.

[8] Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».

[9] Уӕдӕ уырнджытӕ уырнӕг Авраамимӕ сты арфӕгонд.

[10] Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдон та сеппӕт дӕр ӕлгъыст сты. Уымӕн ӕмӕ фыст у: «Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ иудадзыг чи не 'ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».

[11] Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».

[12] Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи сӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн йӕ фӕрцы».

[13] Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у».

[14] Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй Хуыцау Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.

[15] Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы.

[16] Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у.

[17] Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынд, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы.

[18] Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй ӕвӕрдӕуы, кӕд уыдоны Ӕгъдау дӕтты, уӕд уый зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нал у. Фӕлӕ Йӕ уыцы хорзӕхтӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ радта.

[19] Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.

[20] Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у.

[21] Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.

[22] Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕдмӕ ахст кӕй у, уый тыххӕй, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы раттынӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуа уырнджытӕн.

[23] Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ.

[24] Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы.

[25] Уырнындзинад куы ӕрцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сабигӕсы дӕлбар нал стӕм.

[26] Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уеппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.

[27] Уымӕн ӕмӕ сымах – Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон – баиу стут Чырыстиимӕ.

[28] Ныр нал ис нӕдӕр иудей, нӕдӕр бердзенаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр Йесо Чырыстиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ иу стут.

[29] Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, ӕмӕ райсдзыстут, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы хорзӕхтӕ.

Галатӕгтӕм — Chapters