[1] Хуыцауы раз, стӕй Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:
[2] Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куы нӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау – амон фӕразонӕй.
[3] Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;
[4] Ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.
[5] Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс фарны уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.
[6] Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд.
[7] Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.
[8] Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Хицау, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе 'рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.
[9] Бацархай рӕхджы мӕм ӕрцӕуыныл.
[10] Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит – Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.
[11] Маркы ракӕн демӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ уый Хуыцауы куысты хъӕугӕ кӕны.
[12] Тихикы арвыстон Эфесмӕ.
[13] Куы цӕуай, уӕд рахӕсс, Карпмӕ Троадӕйы кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй чингуытӕ, уӕлдайдӕр сӕракыл фыст чингуытӕ.
[14] Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Хицау ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
[15] Ды дӕр дзы дӕхи бахиз, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ.
[16] Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны сӕраппонд куы дзырдтон, уӕд мемӕ ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!
[17] Фӕлӕ мӕм Хицау ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй фарны уац мӕ руаджы хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕ сеппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй ӕз раирвӕзтӕн домбайы дзыхӕй.
[18] Хицау мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
[19] Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.
[20] Эраст баззади Коринфы, Трофимы рынчынӕй ныууагътон Милеты.
[21] Бацархай зымӕджы агъоммӕ ӕрцӕуыныл. Саламтӕ дын дӕттынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.
[22] Хицау [Йесо Чырысти] уӕд демӕ. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.