Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:53

[1] Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.

[2] Ӕмӕ бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та бабар кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕн.

[3] Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.

[4] Йӕхи никӕцы хӕстон лӕг сбӕтдзӕн царды ӕрвылбоны сагъӕстӕй – уый ӕрмӕстдӕр тырны ӕфсӕддон хицауы зӕрдӕ балхӕнынмӕ.

[5] Ерысты архайӕг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысты уаг куы хала, уӕд.

[6] Цы хор ӕрзад, уымӕй йӕ хай фыццаг хъуамӕ райса, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕг.

[7] Ахъуыды кӕн, ӕз дын цы зӕгъын, ууыл. Хицау дын раттӕд ӕппӕт дӕр ӕмбарыны зонд.

[8] Дӕ зӕрдыл дар Йесо Чырыстийы. Уый у Давиды байзӕддаг, мӕрдтӕй рабадӕг – ууыл дзурӕг у, ӕз цы фарны уац хъусын кӕнын, уый.

[9] Уыцы фарны уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.

[10] Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы намысӕй.

[11] Ацы ныхас ӕцӕг у: «Кӕд Йемӕ амардыстӕм, уӕд цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм.

[12] Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд Йемӕ паддзахиуӕг дӕр кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.

[13] Мах Ыл гадзрахатӕй куы рацӕуӕм, уӕддӕр Уый иузӕрдион у, уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд аивын Йӕ бон нӕу».

[14] Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕуныхас ма кӕной – уыцы быцӕутӕ ӕрмӕст зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.

[15] Бацархай, цӕмӕй Хуыцауы раз разынай, йӕ куысты тыххӕй къӕмдзӕстыг чи нӕу, ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм фӕлтӕрд кусӕг.

[16] Ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕстӕм ӕмгӕрон ма цу. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.

[17] Рак буарыл куыд ахӕлиу вӕййы, афтӕ анхъӕвздзӕн сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит.

[18] Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад.

[19] Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд».

[20] Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Сӕ иутӕ кадджын мигӕнӕнтӕ сты, иннӕтӕ та – хуымӕтӕг.

[21] Уӕдӕ тӕригъӕдӕй йӕхи чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕн кадджын нывонд мигӕнӕн – пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау, бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр.

[22] Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Хицаумӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.

[23] Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу; уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у.

[24] Хицауы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не 'мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, уа хорз зондамонӕг, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсса,

[25] Ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, ӕрцӕуа сӕм фӕсмон ӕмӕ базоной ӕцӕгад,

[26] Ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕнынӕн цы хӕйрӕг ӕрцахста, уый къӕппӕгӕй.

2 Тимофеймӕ — Chapters