Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:37

[1] Зындгонд дын уӕд: рӕстӕджы кӕрон уыдзӕн уӕззау заман.

[2] Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарз, хиппӕлой, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузныг, ӕнӕхуыцау, саузӕрдӕ,

[3] Нӕбарон, хахуыргӕнӕг, ӕгъатыр; хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, хорзӕй цы ис, уый сын уыдзӕн ӕнӕуынон,

[4] Уыдзысты гадзрахат, сӕнтдзӕф, хъал, Хуыцауы уарзыны бӕсты фылдӕр уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ.

[5] Сӕхи ӕвдисдзысты афтӕ, цыма Хуыцауы нымайынц, Йӕ хъаруйыл та Йын сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.

[6] Уыдоны хуызӕттӕ ӕрбаирвӕзынц хӕдзӕрттӕм, ӕмӕ сӕ уацары бахауынц, тӕригъӕдты чи аныгъуылди, сӕ алы мондӕгты коммӕ чи кӕсы, ахӕм ӕнӕзонд сылгоймӕгтӕ –

[7] Иудадзыг ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ.

[8] Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.

[9] Фӕлӕ сын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алкӕмӕн дӕр раргом уыдзӕн, уыдон ӕнӕзонд кӕй сты, уый – уыцы дыууӕйы хабар куыд уыди, афтӕ.

[10] Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ цардыуаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ хъӕддых дӕн, уый.

[11] Ды мӕнимӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Хицау.

[12] Ӕниу, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд.

[13] Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.

[14] Ды та цӕуыл сахуыр дӕ ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый хӕццӕ кӕн дарддӕр. Чи дӕ сахуыр кодта, уыдоны хорз зоныс;

[15] Уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст – уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.

[16] Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардгондӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,

[17] Хуыцауы адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.

2 Тимофеймӕ — Chapters