[1] Павелӕй – Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол чи у, уымӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй бавӕрдта, уый тыххӕй фехъусын кӕнынмӕ – уыцы цард лӕвӕрд цӕуы Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы.
[2] Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
[3] Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомимӕ Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.
[4] Дӕ цӕссыгтӕ куы ӕрымысын, уӕд фӕбӕллын дӕ фенынмӕ, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг уа цинӕй.
[5] Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, раздӕр дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Эвникӕмӕ чи уыди, дӕ уыцы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.
[6] Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл ӕрӕвӕрыны руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.
[7] Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.
[8] Уӕдӕ нӕ Хицауы [Йесо Чырыстийы] тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый худинагыл ма нымай, стӕй ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мӕнимӕ тухӕн кӕн фарны уацы сӕраппонд.
[9] Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ – нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,
[10] Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард.
[11] Ӕмӕ мӕн [муртаттӕн] сӕвӕрдӕуыд уыцы фарны уацы фидиуӕгӕй, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй.
[12] Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе 'рцыды бонмӕ.
[13] Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
[14] Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.
[15] Ды зоныс: асиӕгтӕ иууылдӕр, уыдонимӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, ныууагътой мӕн.
[16] Хицау Йӕ арфӕ бафтауӕд Онисифоры хӕдзарыл. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой – къӕмдзӕстыгы хос ын нӕ уыдысты.
[17] Уый нӕ, фӕлӕ Роммӕ куы ӕрцыд, уӕд мӕ агуырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ мӕ ссардта.
[18] Хицау ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын тӕрхоны бон Хицау уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.