[1] Павелӕй, Хуыцауы цагъарӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ
[2] Ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,
[3] Фӕлӕ Йӕ зӕрдӕвӕрд фарны уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы фарны уац адӕммӕ хӕссын.
[4] Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.
[5] Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ, ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ:
[6] Алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа.
[7] Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.
[8] Уый хъуамӕ уа уазӕгуарз, хӕрзгӕнӕг, хӕдзонд-хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,
[9] Цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджыты – багӕды кӕнын.
[10] Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.
[11] Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц зылын фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгадгӕнӕг куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ ныннӕмынмӕ.
[12] Критӕгтӕн сӕхицӕй иу, сӕхи «пехуымпар», афтӕ загъта: «Критӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр сты фӕлитойтӕ, саузӕрдӕ сырдтӕ, зивӕггӕнаг фыдгуыбынтӕ».
[13] Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сӕ гӕды кӕн ӕгъатырӕй, цӕмӕй хӕцой раст уырнындзинадыл,
[14] Ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтӕм.
[15] Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; тӕригъӕдӕй чъизитӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр чъизи у, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом счъизи.
[16] Уыдон дзурынц, цыма Хуыцауы зонынц, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй тигъ кӕнынц сӕхи; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг дӕр саразын.