Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:40

[1] Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн; ӕрыгӕттӕн амон, цыма де 'фсымӕртӕн;

[2] Зӕронд устытӕн – цыма дӕ мадӕн; ӕрыгӕттӕн – цыма дӕ хотӕн, дӕ зӕрдӕ сыгъдӕг куыд уа, афтӕмӕй.

[3] Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн.

[4] Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл – уый Хуыцауӕн фӕндон у.

[5] Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.

[6] Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та цӕрдудӕй мард у.

[7] Амон сын ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уа ӕнӕфау.

[8] Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.

[9] Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты.

[10] Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты – алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕмхиц.

[11] Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын.

[12] Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд.

[13] Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не 'мбӕлы, уыдӕттӕ.

[14] Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.

[15] Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ныридӕгӕн адзӕгъӕл сты хӕйрӕджы фӕдыл.

[16] Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн ис хӕстӕг идӕдз устытӕ, уӕд сӕ хӕссӕд йӕхӕдӕг ӕмӕ аргъуаны ма тыхсын кӕнӕд, цӕмӕй аргъуан ӕххуыс кӕна иунӕгӕй баззайӕг идӕдз устытӕн.

[17] Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.

[18] Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар», ӕмӕ: «Алы фӕллойгӕнӕг дӕр хъуамӕ райса йӕ мызд».

[19] Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куы нӕ уа, уӕд.

[20] Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.

[21] Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.

[22] Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз счъизийӕ.

[23] Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иучысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй.

[24] Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц.

[25] Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.

1 Тимофеймӕ — Chapters