Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:21

[1] Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой удтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.

[2] Ахӕм ахуырӕдтӕ хӕлиу кӕнынц, йе 'фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕ.

[3] Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц бӕлвырд хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.

[4] Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй йӕ куы хӕрай, уӕд,

[5] Уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ кувынӕй.

[6] Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн, ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхӕстӕй, стӕй цы арфӕйаг ахуырадыл ныххӕцыдтӕ, уый ныхӕстӕй йӕхи чи хӕссы, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.

[7] Ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕзонд аргъӕутты ӕмгӕрон та ма цу, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.

[8] Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у – зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.

[9] Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн.

[10] Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у.

[11] Амон афтӕ ӕмӕ ууыл ахуыр кӕн иннӕты.

[12] Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.

[13] Ме 'рцыдмӕ кӕс Сыгъдӕг Фыст, амон ӕмӕ ахуыр кӕн иннӕты дӕр.

[14] Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.

[15] Де 'ргом аздах ӕппӕт уыдӕттӕм, дӕхи сын снывонд кӕн, цӕмӕй алчидӕр уына де 'нтыст.

[16] Кӕс лӕмбынӕг дӕ цардыуагмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕ; афтӕ кӕн иудадзыг. Уӕд дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр.

1 Тимофеймӕ — Chapters