[1] Ацы ныхас ӕцӕг у: аргъуаны хистӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы.
[2] Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,
[3] Ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,
[4] Аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ уой коммӕгӕс.
[5] Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаныл куыд мӕт кӕндзӕн?
[6] Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа.
[7] Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.
[8] Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф.
[9] Хъуамӕ фидар хӕцой уырнынады арфӕвӕрд мидисыл ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг.
[10] Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт.
[11] Афтӕ сӕ устытӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
[12] Диакъон хъуамӕ уа иу усы мой, хорз арӕхса йӕ цотӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ.
[13] Хорз чи бакусы, уыцы диакъонтӕ схизынц сӕ куысты уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз свӕййынц тынг ныфсджын.
[14] Ацы фыстӕг дӕм фыссын, рӕхджы дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.
[15] Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у – ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе 'нӕфӕцудгӕ бындур.
[16] Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй.