Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:05

[1] Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы,

[2] Паддзӕхты ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй, ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй, кад ӕмӕ радимӕ куыд цӕрӕм, афтӕ.

[3] Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн –

[4] Фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.

[5] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти.

[6] Ӕппӕт адӕмы ссӕрибары тыххӕй Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн – уымӕй Хуыцауы фӕндон равдыстӕуыд Йӕхи нысангонд ӕмгъуыдыл.

[7] [Чырыстийы раз] раст зӕгъын, нӕ сайын: мӕн сӕвӕрдӕуыд уыцы хабар хъусынгӕнӕгӕй ӕмӕ апостолӕй, муртаттӕн уырнындзинады ӕмӕ ӕцӕгады ахуыргӕнӕгӕй.

[8] Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ сыгъдӕг къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.

[9] Мӕн ма уыимӕ фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ дарой ӕмбӕлгӕ дарӕс, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ хӕрзӕгъдау. Сӕ фидауц уӕд дзыккуты аив быд, кӕнӕ сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ, кӕнӕ налхъуыт, кӕнӕ зынаргъ дарӕс нӕ,

[10] Фӕлӕ хорз хъуыддӕгтӕ – афтӕ ӕмбӕлы, йӕхи Хуыцауыл ӕууӕндӕг чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн.

[11] Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕдзӕмӕй, иудадзыг коммӕгӕсӕй;

[12] Нӕлгоймагӕн зонд амоныны ӕмӕ йыл ӕлдариуӕг кӕныны бар та йын нӕ дӕттын – уӕд ӕдзӕм.

[13] Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та – Евӕйы.

[14] Сайд дӕр Адамыл не 'рцыд – сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын.

[15] Уӕвгӕ зӕнӕг уадзыны фӕрцы фервӕздзӕн, уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй хайджын, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.

1 Тимофеймӕ — Chapters