[1] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы удӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
[2] Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.
[3] Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не 'рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй – Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы уд ныридӕгӕн дунейы ис.
[4] Мӕ хъӕбултӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнгпехуымпарты, уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.
[5] Уыдон дунейӕ сты, ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.
[6] Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Уымӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг уды.
[7] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзи, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.
[8] Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад у.
[9] Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ.
[10] Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн.
[11] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд Хуыцау мах афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.
[12] Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.
[13] Мах Хуыцауимӕ кӕй баиу стӕм, ӕмӕ Уый та немӕ кӕй баиу, уый мах зонӕм, Йӕ Удӕй нын кӕй бахай кодта, уымӕй.
[14] Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.
[15] Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.
[16] Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.
[17] Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм тӕрхоны бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
[18] Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу.
[19] Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта.
[20] Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Хуыцауы уарзын», афтӕмӕй та йе 'фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын.
[21] Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе 'фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.