[1] Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
[2] Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.
[3] Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый.
[4] Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Ӕй базыдтон», фӕлӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ та не 'ххӕст кӕны, уый у фӕлитой ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы нӕ цӕры.
[5] Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.
[6] «Ӕз баиу дӕн Йемӕ» чи зӕгъы, уый хъуамӕ цӕра, Йесо куыд цардис, афтӕ.
[7] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕз уӕм цавӕрдӕр ног фӕдзӕхсты тыххӕй нӕ фыссын. Ӕз уӕм цы фӕдзӕхсты тыххӕй фыссын, уый рагон у – сымах ӕй зонут тӕккӕ райдианӕй. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас.
[8] Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у – йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны.
[9] Афтӕ чи зӕгъы, рухсы цӕрын, зӕгъгӕ, афтӕмӕй йе 'фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый нырма талынджы цӕры.
[10] Йе 'фсымӕры чи уарзы, уый рухсы цӕры, ӕмӕ тӕригъӕдмӕ цы аразы, ахӕмӕй йӕм ницы ис.
[11] Йе 'фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта.
[12] Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ уын хатыр сты уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы.
[13] Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах басастат хӕйрӕджы. Ныффыстон уӕм, мӕ сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды.
[14] Ныффыстон уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы ныхас цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ басастат хӕйрӕджы.
[15] Ма уарзут дуне, стӕй дунейы цы ис, уый дӕр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы.
[16] Уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис – тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын – уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.
[17] Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
[18] Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.
[19] Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, сеппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.
[20] Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уеппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.
[21] Ӕцӕгад цыма нӕ зонут, уый тыххӕй уӕм, мыййаг, нӕ ныффыстон, фӕлӕ йӕ кӕй зонут, стӕй кӕцыфӕнды мӕнгдзинад ӕцӕгадӕй кӕй нӕ рацӕуы, уый дӕр уын зындгонд кӕй у, уый тыххӕй.
[22] Йесо, дам, Чырысти нӕу чи зӕгъы, уый кӕд нӕу сайӕгой, уӕд ма сайӕгой та чи у? Уыцы сайӕгой Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг у. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр.
[23] Фыртыл чидӕриддӕр йӕхи тигъ кӕны, уымӕн хай нӕй Фыдӕй дӕр, фӕлӕ Фыртыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уымӕн хай ис Фыдӕй дӕр.
[24] Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр.
[25] Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй – мыггагмӕйы цардӕй.
[26] Ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз ныффыстон, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй.
[27] Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцыдӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.
[28] Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ӕрцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.
[29] Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.