Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:57

[1] Кӕсут-ма, Фыд нӕ куыд бирӕ уарзы, Йӕ хъӕбулты ном куыд хӕссӕм, афтӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.

[2] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕртӕ уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.

[3] Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.

[4] Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау.

[5] Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у.

[6] Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды не 'фты. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта.

[7] Мӕ хъӕбултӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.

[8] Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.

[9] Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.

[10] Хуыцауы хъӕбултӕй ӕмӕ хӕйрӕджы хъӕбултӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе 'фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.

[11] Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.

[12] Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе 'фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе 'фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст.

[13] Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд.

[14] Не 'фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе 'фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.

[15] Йе 'фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй.

[16] Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не 'фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.

[17] Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе 'фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?

[18] Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзи уарзӕм дзыхы ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ нӕ уарзт зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.

[19] Уымӕй базондзыстӕм, мах ӕцӕгады хъӕбултӕ кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ Хуыцауы раз ӕнцой ссардзыстӕм нӕ зӕрдӕйӕн,

[20] Истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр.

[21] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.

[22] Ӕмӕ цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.

[23] Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.

[24] Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд.

1 Иоанн — Chapters