[1] Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕ цы сгӕрстой, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.
[2] Уымӕн ӕмӕ нӕм цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдмӕ чи уыд ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы царды тыххӕй.
[3] Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.
[4] Ацы ныхӕстӕ мах фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа.
[5] Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй.
[6] Кӕд иугӕр мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу.
[7] Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.
[8] Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕд нӕм нӕй, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
[9] Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.
[10] Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не 'фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.