Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:08

[1] Ды та амон, раст ахуырад куыд домы, афтӕ.

[2] Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон.

[3] Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,

[4] Ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты,

[5] Уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.

[6] Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.

[7] Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад – мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.

[8] Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ бауа ӕмӕ куыд фӕхудинаг уа.

[9] Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын ӕлхӕной сӕ зӕрдӕ, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,

[10] Сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ сеппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.

[11] Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх,

[12] Ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл, ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.

[13] Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.

[14] Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.

[15] Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын сӕ цӕстмӕ дар барджынӕй, алчидӕр дын аргъ куыд кӕна, афтӕ.

Титмӕ — Chapters