[1] Чырысти буарӕй хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр Йӕ цӕстӕй кӕсут хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ уымӕй ифтонг кӕнут уӕхи, уымӕн ӕмӕ буарӕй тухӕнгӕнӕг тӕригъӕды нал ӕфты –
[2] Буары цӕрынӕн ма йын цы рӕстӕг баззади, уый ӕрвиты адӕймаджы тӕригъӕдджын мондӕгтӕ ӕфсадгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
[3] Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртатты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цас фӕцардыстут, уый – уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцты, фыднозты ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.
[4] Ныр муртаттимӕ иумӕ уыдонӕн сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.
[5] Уыдон дзуапп ратдзысты, удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон рахӕссынмӕ цӕттӕ Чи у, Уымӕн.
[6] Уымӕ гӕсгӕ фарны уац мӕрдтӕ дӕр уый тыххӕй фехъуыстой, ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон куыд рахастӕуы, кӕд уыдоны буарӕн тӕрхон афтӕ рахастӕуыд, уӕддӕр уды ӕгъдауӕй цӕрой Хуыцауимӕ.
[7] Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр цӕттӕ ӕмӕ кувут.
[8] Фыццаджыдӕр кӕрӕдзи уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы бирӕ тӕригъӕдтӕ ныббарстӕуы.
[9] Кӕрӕдзийы-иу суазӕг кӕнут зӕрдиагӕй, ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй.
[10] Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.
[11] Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй – уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
[12] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау,
[13] Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл, ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ намыс куы раргом уа, уӕд.
[14] Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы намысджын Уд уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]
[15] Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгты хи нытъыссыны тыххӕй уӕ ӕфхӕрд макӕмӕ ӕрхауӕд.
[16] Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.
[17] Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайыны рӕстӕг. Ӕмӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы фарны уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та цӕуыл ахицӕн уыдзӕн?
[18] «Кӕд рӕстгӕнӕг зынтӕй ирвӕзы, уӕд ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын цы фӕуыдзӕн?»
[19] Уӕдӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи ӕвзары тухӕн, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ.