Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:10

[1] Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы ныхасӕн дзы чи нӕ сӕтты, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, фӕлӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕрхона сӕ устыты цард,

[2] Уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас.

[3] Ӕддаг бакастӕй чи зыны, дзыккуты уыцы аив быд, сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ кӕнӕ аив дарӕс ма уӕнт уӕ фидауц,

[4] Фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы ӕвӕлмас ӕмӕ сабыр удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинад.

[5] Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы сыгъдӕг устытӕ дӕр рагзаманы фидауцджын уыдысты, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уымӕй.

[6] Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс, ӕмӕ йӕ хуыдта йе 'лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.

[7] Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Аргъ сын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх – мыггагмӕйы цард. Афтӕмӕй уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.

[8] Уӕдӕ уеппӕт дӕр ут ӕмзонд, иннӕйы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарз, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.

[9] Фыдӕхӕн ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхасӕн – ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн – Хуыцау сымах уый тыххӕй ӕрхуыдта. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.

[10] Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын ӕмӕ хорз рӕстӕг фенын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг ӕмӕ йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнгныхас,

[11] Ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.

[12] Хицау Йӕ цӕст дары рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ сын хъусы сӕ куывдмӕ; фыдгӕнджытӕн та Хицау сӕ ныхмӕ у».

[13] Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?

[14] Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе 'фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.

[15] Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн – уӕ Хицауӕн. Уӕ зӕрдӕдарӕны бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.

[16] Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.

[17] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.

[18] Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыциу хъизӕмар бавзӕрста – Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ уды ӕгъдауӕй райгас,

[19] Ӕмӕ афтӕмӕй ацыд ӕмӕ хъусын кодта уац ахст удтӕн –

[20] Кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй – аст адӕймаджы – фервӕзтысты доны фӕрцы.

[21] Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын . Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы –

[22] Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахиз фарс, Йӕ дӕлбар сты зӕдтӕ, уӕларвон барджынтӕ ӕмӕ тыхджынтӕ.

1 Петр — Chapters