[1] Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.
[2] Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг сыгъдӕг ӕхсыр – рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.
[3] Уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Хицауы хорзӕхы ад.
[4] Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ – удӕгас дурмӕ.
[5] Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
[6] Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».
[7] Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур».
[8] Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс кӕй не сты, уый тыххӕй Йыл фӕкӕлынц. Афтӕ сын снысан кодта Хуыцау.
[9] Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат.
[10] Кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та Йӕ адӕм стут. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут.
[11] Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты коммӕ ма кӕсут – уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.
[12] Муртатты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ цыма стут, уыйау уыл кӕд уыдон цъыф калынц, уӕддӕр уындзысты уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ӕрцӕуа, уӕд.
[13] Хицауы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн – уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн,
[14] Фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн.
[15] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.
[16] Цӕрут сӕрибар адӕмау – Хуыцауы цагъартау. Фӕлӕ уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕ ма расайӕд.
[17] Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.
[18] Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр.
[19] Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара, ӕмӕ Хуыцауимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.
[20] Уе 'взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у –
[21] Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.
[22] Чырысти тӕригъӕды никуы бафтыд, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнгныхас никуы рацыди.
[23] Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид.
[24] Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
[25] Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ удты Фыййаумӕ ӕмӕ Цӕстдарӕгмӕ.