[1] Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ.
[2] Хатын Эводимӕ, хатын Синтихимӕ: сымах Хицауимӕ стут, ӕмӕ ӕмбарут кӕрӕдзи.
[3] Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон мӕнимӕ иумӕ тох кодтой фарны уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.
[4] Иудадзыг цин кӕнут, Чырыстиимӕ кӕй стут, ууыл; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын – цин кӕнут.
[5] Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Хицауӕн Йе 'рцыд хӕстӕг у.
[6] Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, курут Дзы, бузныгӕй Йын ӕргом кӕнут уӕ хъуӕгтӕ,
[7] Ӕмӕ зонд кӕуыл не 'ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй.
[8] Ӕппынфӕстаг, ме 'фсымӕртӕ, цыдӕриддӕр у ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон – цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.
[9] Цӕуыл уӕ сахуыр кодтон, цы уын радтон, цы уын загътон, цавӕрӕй мӕ федтат, фӕзмут ӕппӕт уыдӕттӕ, ӕмӕ фарндӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.
[10] Бузныг дӕн Хицауӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд.
[11] Хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын – ӕз сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайыныл.
[12] Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл.
[13] Мӕ бон ӕппӕт дӕр у мӕнӕн тых дӕттӕг Чырыстиимӕ.
[14] Ӕниу мӕм мӕ зынты ӕххуысмӕ кӕй ӕрцыдыстут, уымӕй хорз бакодтат.
[15] Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон, уӕд Македонийӕ мӕ рацӕуыны фӕстӕ мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта – ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат.
[16] Сымах мын Фессалоникӕмӕ дӕр мӕ хъуаджы заман иу ӕмӕ дыууӕ хатты не 'рбарвыстат уе 'ххуысы хай.
[17] Ӕз уый хуынтӕ уӕ агурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгты номхыгъды фылдӕр кӕна ӕфтиаг.
[18] Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
[19] Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы.
[20] Нӕ Фыд Хуыцауӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
[21] Саламтӕ раттут ӕппӕт сыгъдӕджытӕн – Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн. Саламтӕ уын дӕттынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ.
[22] Саламтӕ уын дӕттынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ.
[23] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд.