Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:46

[1] Ӕппынфӕстаг, ме 'фсымӕртӕ, цин кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй фыссын мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.

[2] Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.

[3] Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд – кусӕм Хуыцауӕн, Йӕ Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ ӕппӕлӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.

[4] Ӕниу, мӕ бон у, ӕмӕ зӕххоныл дӕр дарон мӕ зӕрдӕ. Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕххоныл зӕрдӕ дарын йӕ бон у, уӕд мӕ бон та ноджы тынгдӕр у.

[5] Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ – фарисей,

[6] Диныл фырӕнувыдӕй – Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ – ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.

[7] Фӕлӕ мӕм раздӕр ӕфтиаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл.

[8] Уый нӕ, фӕлӕ тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд – Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд – ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,

[9] Ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕгъдауы руаджы адӕймаг цы рӕстадӕй схайджын вӕййы, ӕз уымӕ нал тырнын. Ӕз тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.

[10] Мӕ нысан у Чырыстийы ӕмӕ мӕрдтӕй Йӕ райгасгӕнӕг тых базонын, Йӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,

[11] Цӕмӕй исты хуызы мӕрдтӕй райгас уон.

[12] Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ, кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ згъорын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ – Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион.

[13] Ӕфсымӕртӕ, ӕз афтӕ ӕнхъӕл нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстон. Ӕрмӕст, фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныййарц дӕн размӕ –

[14] Згъорын нысанмӕ, Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы мӕн кӕй тыххӕй ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон хӕрзиуӕг райсынмӕ.

[15] Уӕдӕ махӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн.

[16] Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ.

[17] Ӕфсымӕртӕ, фӕзмут мӕн. Нӕхи уын цавӕрӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕд фӕзминаг.

[18] Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ, – ӕз уын уыдоны тыххӕй арӕх дзырдтон, ныр та уын кӕугӕйӕ дзурын, – цӕрынц Чырыстийы дзуары знӕгтау.

[19] Уыдонӕн сӕ кӕрон – бынсӕфт, сӕ хуыцау – сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.

[20] Мах та уӕларвон бӕстӕгтӕ стӕм, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр – Хицау Йесо Чырыстимӕ.

[21] Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ намысджын Буары халдих.

Филиппӕгтӕм — Chapters