[1] Ме 'фсымӕртӕ, сымахӕй бирӕтӕ сӕхицӕй ахуыргӕнджытӕ скӕнынмӕ ма тырнӕнт. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.
[2] Уымӕн ӕмӕ мах неппӕт дӕр арӕх фӕтӕригъӕдджын вӕййӕм. Ныхасӕй тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йеппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.
[3] Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой, уый тыххӕй сын идоны къӕбӕлтӕ сӕ дзыхы куы бакӕнӕм, уӕд нӕ бар фӕцӕуы сеппӕт буарыл дӕр.
[4] Кӕс-ма, наутӕ дӕр кӕд тынг егъау сты ӕмӕ сӕ кӕд цыфӕнды тыхджын дымгӕтӕ тӕрынц, уӕддӕр сӕ гыццыл здахӕн саразы, наутӕрӕджы кӕдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм.
[5] Афтӕ ӕвзаг дӕр хӕрзгыццыл уӕнг у, фӕлӕ йын тынг бирӕ ӕнтысы. Кӕс-ма, хӕрзгыццыл зынгӕй цы стыр арт сирвӕзы!
[6] Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дуне. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ ӕлгъаг кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы неппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй судзы.
[7] Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр бакодта.
[8] Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕмӕн ӕнтысы. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй ӕмыдзаг.
[9] Ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм нӕ Хицауӕн – Фыдӕн, ӕмӕ дзы ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр.
[10] Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме 'фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.
[11] Уыциу суадонӕй гуырынц, мыййаг, адджын дон дӕр ӕмӕ маст дон дӕр?
[12] Ме 'фсымӕртӕ, легъуибӕласыл, мыййаг, зетибӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та – легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.
[13] Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй.
[14] Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.
[15] Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд.
[16] Уымӕн ӕмӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзын кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.
[17] Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, ӕвӕлмас, уарзӕгой, нӕу хивӕнд, йӕ хъуыддӕгтӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.
[18] Фидыд чи тауы, уыцы фидауынгӕнджытӕ бафснайынц рӕстады тыллӕг.