Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:10

[1] Ме 'фсымӕртӕ, сымах нӕ намысджын Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ стут ӕмӕ макӕй хъулон кӕнут.

[2] Зӕгъӕм, уе 'мбырдмӕ бацыд адӕймаг сызгъӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы.

[3] Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу», кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,

[4] Уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут?

[5] Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.

[6] Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхоны раз ӕнӕбары уыдон, мыййаг, не 'рлӕууын кӕнынц?

[7] Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф, мыййаг, уыдон нӕ калынц?

[8] Сыгъдӕг Фысты куыд загъд ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.

[9] Фӕлӕ кӕд искӕй хъулон кӕнут, уӕд тӕригъӕды ӕфтаут уӕхи ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стут ӕгъдаухалджытӕ.

[10] Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд, ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау, азымджын у.

[11] «Ма хӕт» Чи загъта, «Ма амар» дӕр Уый загъта. Кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ искӕй марыс, уӕд ӕгъдаухалӕг дӕ.

[12] Уӕ ныхас ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ нывыл хъуамӕ уой, уымӕн ӕмӕ уын сӕрибардӕттӕг ӕгъдау тӕрхон кӕндзӕн.

[13] Тӕригъӕдгӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхон тӕригъӕд нӕ зоны; тӕригъӕдгӕнагӕн тӕрхонӕй тас нӕу. Уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгтӕ

[14] Ме 'фсымӕртӕ, кӕд исчи зӕгъы, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ та уырнындзинадмӕ гӕсгӕ не сты, уӕд ын уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн?

[15] Зӕгъӕм, де 'фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй,

[16] Ӕмӕ сын сымахӕй исчи куы зӕгъид: «Ацӕут фарнимӕ, уӕхи батавут ӕмӕ бахӕрут», фӕлӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый та сын куы нӕ раттид, уӕд уымӕй цы пайда ис?

[17] Афтӕ уырнындзинад дӕр – хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куы нӕ уа, уӕд мард у.

[18] Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.

[19] Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.

[20] Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?

[21] Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?

[22] Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп.

[23] Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.

[24] Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.

[25] Афтӕ хӕтагсыл Раав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?

[26] Уӕдӕ буар ӕнӕ удӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у.

Иаков — Chapters