[1] Сывӕллӕттӕ, ут уӕ ныййарджытӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ афтӕ раст у.
[2] «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» – ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ:
[3] «Уӕд уыдзынӕ фӕрнджын ӕмӕ дзӕвгар фӕцӕрдзынӕ зӕххыл».
[4] Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Хицауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
[5] Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй.
[6] Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау.
[7] Кусут сын зӕрдӕрайгӕйӕ, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Хицауӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.
[8] Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Хицауӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр.
[9] Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм кӕсут ахӕм цӕстӕй, ныууадзут уе 'ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Хицау кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
[10] Ӕппынфӕстаг, ме 'фсымӕртӕ, удвидар кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, уымӕй, ӕмӕ Йӕ домбай хъаруйӕ.
[11] Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ.
[12] Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг удты ныхмӕ.
[13] Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй фыдбылызы бон куы ралӕууа, уӕд уӕм разына ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару, фӕуӕлахиз уат ӕппӕтыл дӕр, ӕмӕ ма фӕцудат.
[14] Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.
[15] Фидыды уац хъусын кӕнынмӕ цӕттӕдзинад уӕд уӕ къахыдарӕс.
[16] Кӕддӕриддӕр уӕм уӕд, хӕйрӕджы ӕппӕт судзгӕ фӕттӕ кӕмӕй ахуыссын кӕндзыстут, уый – уырнынады уарт.
[17] Ирвӕзындзинад уӕд уе згъӕрхуд, ӕмӕ райсут Уды лӕвӕрд цирхъ – Хуыцауы ныхас.
[18] Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
[19] Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад.
[20] Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз уыцы фарны уацы минӕвар дӕн. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.
[21] Цӕмӕй сымахӕн дӕр мӕ уавӕртӕ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зындгонд уой, уый тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн Тихик, нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Хицауӕн иузӕрдион кусӕг.
[22] Ӕз ӕй сымахмӕ ӕрвитын, цӕмӕй базонат мах тыххӕй ӕмӕ уӕ бауадза ныфс.
[23] Ӕфсымӕртӕн фарн ӕмӕ уарзт уырнындзинадимӕ Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
[24] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон сеппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ цардӕй.