[1] Уӕ ӕнӕуаг миты ӕмӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах раздӕр мард уыдыстут.
[2] Уыцы тӕригъӕдты ӕфтыдӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныртӕккӕ чи архайы, уыцы удӕн коммӕгӕсӕй.
[3] Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдонау, ӕфсӕстам нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ, нӕ чъизи хъуыдытӕн ӕмӕ бӕллицтӕн уыдыстӕм коммӕгӕс. Иннӕтау нӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ уыдыстӕм, Хуыцауы фыдӕх кӕй хъуамӕ баййӕфтаид, ахӕмтӕ.
[4] Фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта,
[5] Ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ – сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы.
[6] Хуыцау нӕ райгас кодта Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йемӕ,
[7] Цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.
[8] Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут – уый уын Хуыцауы лӕвар у;
[9] Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд.
[10] Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыди, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.
[11] Раздӕр чи уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Туг ӕмӕ стӕгӕй кӕддӕр муртаттӕ уыдыстут. Сымах ӕнӕсунӕт хуыдтой, сунӕтгонд кӕй хуындӕуы, уыдон (афтӕмӕй та сӕ сунӕт ӕрмӕстдӕр у, адӕймаг буарӕн цы саразы, уый).
[12] Уӕды заман уыдыстут ӕнӕ Чырысти, израилаг адӕмӕн ӕцӕгӕлӕттӕ, Хуыцауы бадзырдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕй – ӕнӕхай, уӕ зӕрдӕ ницӕуыл дардтат, ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй.
[13] Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та баиу стут Йесо Чырыстиимӕ, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта.
[14] Чырысти у нӕ фидауынгӕнӕг. Дзуттӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕй скодта иу адӕм – фехӕлдта, се 'хсӕн цы сис уыди, уый,
[15] Ӕмӕ фыдӕх фесӕфта Йӕ мӕлӕтӕй. Чырысти аивта Ӕгъдау йеппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй бафидауын кӕна дыууӕты дӕр ӕмӕ сӕ, Йемӕ иугондӕй, сараза ног адӕймаг,
[16] Иу буары иугондӕй сӕ дзуары фӕрцы бафидауын кӕна Хуыцауимӕ, дзуарыл фыдӕх фесафгӕйӕ.
[17] Ӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕрхаста фидыды фарны уац сымахӕн – Хуыцауӕй дард адӕмӕн, стӕй Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн дӕр.
[18] Уымӕн ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр, иу Удӕй хайджынтӕн, Фыдмӕ фӕндаг байгом Чырыстийы фӕрцы.
[19] Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ.
[20] Сымах амад ӕрцыдыстут апостолты ӕмӕ пехуымпарты бындурыл, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг у,
[21] Ӕппӕт бӕстыхайыл Уый хӕцы, ӕмӕ бӕстыхай рӕзы, Хицауы сыгъдӕг кувӕндон куыд суа, афтӕ.
[22] Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн.